Снайпер Хуссар Ирӕй: сӕйраг миниуӕг – фидар зӕрдӕ

© SputnikПӔК снайперты командӕйы разамонӕг Гасситы Тимур
ПӔК снайперты командӕйы разамонӕг Гасситы Тимур - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны Паддзахадон ӕдасдзинады комитеты снайперты командӕйы разамонӕг радзырдта ӕхсӕнадӕмон чемпионаты тыххӕй снайперты ӕхстытӕй, кӕцы цӕуы Краснодары

ЦХИНВАЛ, 4 сен — Sputnik. Краснодары райдыдта 12-ӕм ӕхсӕнадӕмон чемпионат снайперты ӕхстытӕй тыхон структурӕты кусджыты ӕхсӕн. Спорты мастеры номыл ерыс кӕнынц 150 ӕхсӕджы алыгъуызон бӕстӕтӕй, се хсӕн снайпертӕ Хуссар Ирыстонӕй.

Гасситы Тимур, Хуссар Ирыстоны Паддзахадон ӕдасдзинады комитеты (ПӔК) снайперты командӕйы разамонӕг радзырдта пайдаджын фӕлтӕрддзинады тыххӕй, кӕцы райсдзысты Хуссар Ирыстоны минӕвӕрттӕ, сӕ коллегӕтимӕ алыгъуызон бӕстӕтӕй ерыс гӕнгӕйӕ.

"Снайпер-профессионалы сӕйраг миниуӕг у фидар зӕрдӕ. Мах исӕм егъау фӕлтӕрддзинад ацы ерыстӕй. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ис ахӕмтӕ, кӕцыты техникон ӕмвӕзадмӕ мах дӕр фӕнды схизын, ӕмӕ уый фӕдыл нӕхиуыл кусдзыстӕм", — загъта Гасситы Тимур.

Ӕхсӕнадӕмон турнир ӕрӕмбырд кодта снайперты, сӕрмагонд нысаниуӕджы къорды минӕвӕртты Уӕрӕсе, Китай, Чехи, Венгри, Узбекистан, Белорусси, Хуссар Ирыстон ӕмӕ ӕндӕр бӕстӕтӕй.

150 снайперӕй фылдӕр ерыс кӕндзысты сентябры фыццаг къуыри сӕ кӕрӕдзийы ӕхсӕн.

Ӕхсыны спорты историйы фыццаг хатт чемпионаты фӕстиуӕгӕн иууыл хуыздӕр ӕхсӕгтӕн ратдзысты спорты мастеры нӕмттӕ снайперты ӕхсынӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0