Знауыры районмæ сидынц бæхты дугътæм

© Sputnik / Наталья АйриянБæхты дугътæ
Бæхты дугътæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Барджыты ерыстæ æрфысым кæндзæн фароны уæлахиздзауы хъæу Дзагъина

ЦХИНВАЛ, 7 сен — Sputnik, Плиты Фатимæ. Сентябры Хуссар Ирыстоны Знауыры районы фыццаг хатт ацæудзысты бæхты дугътæ. Къӕбулты Хъазбег ӕмӕ йæ фырт Юрийы номарæн ерыстæ суыдзысты нымадмæ гæсгæ æстæм дугътæ, фехъусын кодта Sputnik мадзалы организатор Къӕбулты Ренат.

Бæхты дугътæ фӕстаг ӕзты Хуссар Ирыстоны ссисты традицион, цæуынц 2010 азæй фæстæмæ.

"Фарон мах аскъуыддзаг кодтам, цæмæй дугътæ æрфысым кæна уæлахиздзауы хъæу. Ивгъуыд аз хуыздæр барæджы ном райста дзагъинайаг лæппу. Куыд уæлахиздзау афтæ, уый бацис цæугæ Кубокы хицау æмæ йæ хъæуы ацы аз сентябры ацæудзысты радон дугътæ. Бафæндыд нæ, цæмæй æрмæст иу районы арæнты ма цæуой ерыстæ, фæлæ æгас республикæйыл аххæстой", — загъта Къӕбулты Ренат.

Бæхты дугътæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Джеры коммæ Хуссар Иры барджыты хонынц æвдæм дугътæм

Ивгъуыд æзты ерысты уæлахиздзаутæ ссисты Куыдзеты Реуаз, Плиты Аслан æмæ æндæртæ.

1991 азы гуырдзиаг-ирон хӕсты рӕстӕджы Джеры комы Уанаты хидыл Къӕбулты Хъазбегæн гуырдзиӕгтӕ фехстой йӕ бӕх, йӕхӕдӕг та уӕдӕй абонмӕ у ӕбӕрӕгӕй сӕфт. Къӕбулты Юрий та йӕ трагикъон мӕлӕты размӕ архайдта ацы комы Саудзуары агъуыст саразыныл. Уымæ гæсгæ æрвылаз Къæбулты фыд æмæ фырты номарæн дугътæ цыдысты Джеры комы.

Ног хабӕртты лентӕ
0