Хуссар Иры хицауад фехъусын кодта ӕхсӕнхицауадон къамисы рабадты датӕ

© Sputnik / Алексей Ковалевправительство
правительство - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны хицауады рабадтыл фехъусын кодтой Уӕрӕсе ӕмӕ Хуссар Ирыстоны ӕхсӕнхицауадон къамисы радон рабадты датӕ ӕмӕ бынат

ЦХИНВАЛ, 7 сен — Sputnik. Уӕрӕсейы Федераци ӕмӕ Хуссар Ирыстоны ӕхсӕн социалон-экономикон ӕмгуыстады фӕдыл ӕхсӕнхицауадон къамисы радон рабадт сӕххӕст уыдзӕн октябры ӕмбис Мӕскуыйы. Уый тыххӕй радзырдта Хуссар Ирыстоны хицауады сӕрдар Пухаты Эрик, хъусын кӕны хицауады пресс-службӕ.

Виталий Мутко - Sputnik Хуссар Ирыстон
Мутко слӕудзӕн Хуссар Ир ӕмӕ Абахазимӕ ӕхсӕнхицауадон къамисы сӕргъ

Хицауады уӕнгтӕ ауагътой рабадт, цӕмӕй бахххӕст кӕной "2018 азы Республикӕ Хуссар Ирыстоны Паддзахадон бюджеты" фӕдыл закон, фехъусын кӕны хицауады пресс-службӕ.

"Цӕттӕ кӕнӕм ӕхсӕнхицауадон къамисы иумӕйаг рабадты документаци, ӕмӕ мах хъуамӕ равдисӕм нӕ коллегӕтӕн, цӕуыл хардз кӕнӕм сӕ фӕрӕзтӕ. Кӕцыдӕр объекттыл фӕстауӕрц кӕнӕм фӕрӕзтӕ, аннӕтыл та фӕфылдӕр вӕййы сметон аргъ", — загъта Пухаты Эрик.

Амӕйразмӕ, 2016 азы инвестпрограммӕйы фӕстауӕрцон фӕрӕзтӕ бахардз кодтой Хъайтарты уынгыл цӕрӕнуат комплексы арӕзтадыл, 2017 азы фӕрӕзтӕ та Гуыбаты ӕфсымӕрты уынгыл хӕдзӕртты арӕзтадыл. Финансты министр Хӕбӕлаты Аза банысан кодта, зӕгъгӕ, 2018 азы фӕстауӕрцон фӕрӕзтӕ та здӕхт сты Гуфта-Цхинвал фӕндаджы арӕзтадмӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0