Кулахметов: Уӕрӕсе ӕмӕ Хуссар Иры ӕхсӕн ӕмгуыстад фидар кӕны

Рафыссын
Хуссар Ирыстоны фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министр ӕмӕ уӕрӕсейаг минӕвар радзырдтой Цхинвал ӕмӕ Мӕскуыйы ӕхсӕн ахастыты тыххӕй

ЦХИНВАЛ, 7 сен — Sputnik, Козаты Диана. Уӕрӕсе ӕмӕ Хуссар Ирыстон хуыцаубоны нысан кӕндзысты дипломатон ахастыты сфидар кӕныны дӕсӕм юбилей. Уӕрӕсейаг минӕвар Цхинвалы Марат Кулахметов ӕмӕ Хуссар Ирыстоны фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрады (ФХМ) сӕргълӕууӕг Медойты Дмитрий радзырдтой Sputnik пресс-центры, куыд райрӕзтысты фӕстаг ӕзты дыууӕ бӕстӕйы ӕхсӕн ахастытӕ.

© Sputnik / Наталья АйриянХуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы ӕхсӕн дипломатон ахастытӕ сфидар кӕныны цытӕн пресс-конференци
Пресс-конференция, посвященная установлению дипотношений между Россией и Южной Осетией - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы ӕхсӕн дипломатон ахастытӕ сфидар кӕныны цытӕн пресс-конференци

Хуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсе сфидар кодтой дипломатон ахастытӕ 2008 азы 9 сентябры, РХИ хӕдбардзинады банымадӕй дыууӕ къуырийы фӕстӕ.

Марат Кулахметов банысан кодта, зӕгъгӕ, дипломатон ахастытӕ сфидар кӕнынӕй дыууӕ къуыри фӕстӕдӕр бӕстӕтӕ бафыстой хӕларад ӕмӕ ӕмгуыстады фӕдыл бадзырд, кӕцы уыд дарддӕры бадзырдты бындур.

"2009 азы Мӕскуы ӕмӕ Цхинвалы бакодтой минӕварадтӕ. Уыцы рӕстӕгмӕ мах бафыстам 130 алыгъуызон документ, кӕцытӕ сты здӕхт нӕ ӕмгуыстадмӕ. Мах ӕрдзырдтам космос ӕмӕ денджызы фарстатӕй дарддӕр алцӕуыл дӕр", — загъта минӕвар.

ФХМ сӕргълӕууӕг Медойты Дмитрий банысан кодта, зӕгъгӕ, ацы аз уыдысты бирӕ нысаниуӕгджын цаутӕ – хӕдбардзинады банымады, дипломатон ахастыты сфидар кӕныны ӕмӕ минӕварадты саразыны юбилейтӕ. Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, адон сты тынг ахсджиаг датӕтӕ дыууӕварсон ахастыты, сӕйраджыдӕр, Хуссар Ирыстонӕн.

"Ацы ӕзты нӕ бӕстӕты ӕхсӕн сфидар сты хорз кусӕгон ахастытӕ. Тагъд рӕстӕджы бафысдзыстӕм цалдӕр документ, кӕцытыл кусӕм. Мах оптимизмимӕ кӕсӕм размӕ ӕмӕ нӕ ис ныфс, ахастытӕ дардӕр дӕр кӕй райтынг уыдзысты", — загъта Медойты Дмитрий.

Афтӕ ма министр бахахх кодта, зӕгъгӕ, Хуссар Ирыстон нымайы Уӕрӕсейы ӕфсымӕрон бӕстӕйыл. Уый ма загъта ноджы иу ахсджиаг датӕйы тыххӕй – ацы аз сӕххӕст 265 азы Ирыстоны фыццаг минӕварад саразыныл Уӕрӕсейы, кӕцы уыд дыууӕварсон ахастыты бындур.

© Sputnik / Наталья АйриянХуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы ӕхсӕн дипломатон ахастытӕ сфидар кӕныны цытӕн пресс-конференци.
Хуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы ӕхсӕн дипломатон ахастытӕ сфидар кӕныны цытӕн пресс-конференци - Sputnik Хуссар Ирыстон
1/3
Хуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы ӕхсӕн дипломатон ахастытӕ сфидар кӕныны цытӕн пресс-конференци.

2/3

3/3

Ног хабӕртты лентӕ
0