Процесс ацыд: Хуссар Иры ФХМ сӕргълӕууӕг Дамаскы минӕварады баконды тыххӕй

© Пресс-служба президента РЮОВстреча Анатолия Бибилова в аэропорту Дамаска
Встреча Анатолия Бибилова в аэропорту Дамаска - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Медойты Дмитрий радзырдта Хуссар Ирыстоны фӕсарӕйнаг политикӕйы тыххӕй ӕмӕ банысан кодта, зӕгъгӕ, ацы аз уыд бирӕ нысаниуӕгджын цаутӕ

ЦХИНВАЛ, 7 сен — Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстон ӕмӕ Сирийы дипломатон мисситӕ бакӕныныл куыст размӕ ацыд, загъта Sputnik пресс-конференцийы рӕстӕджы республикӕйы Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрады (ФХМ) сӕргълӕууӕг Медойты Дмитрий.

Сири ацы аз майы банымадта Хуссар Ирыстоны хӕдбардзинад. Сириаг Арабаг Республикӕйы (САР) уыд официалон балцы президент Бибылты Анатолий, бӕстӕтӕ бафыстой цалдӕр бадзырд.

"Хуссар Ирыстоны президенты балцы рӕстӕджы Сиримӕ мах ауагътам ӕнтыстджын консультацитӕ. Ӕрдзырдтам дыууӕварсон ахастыты дарддӕры райрӕзтыл. Банымады коммюникейы уыд фыст, нӕ ахастытӕ кӕй райтынг уыдзысты минӕварадты ӕмвӕзадыл, ӕмӕ, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, тагъд рӕстӕджы дипломатон мисситӕ райдайдзысты кусын Дамаск ӕмӕ Цхинвалы", — загъта Медойты Дмитрий.

Афтӕ ма ФХМ сӕргълӕууӕг загъта Хуссар Ирыстоны минӕвары кандидатты тыххӕй Сирийы ӕмӕ банысан кодта, зӕгъгӕ, республикӕйы бирӕ уагдӕтты ис хъуыддагзонӕг адӕм, кӕцытӕн сӕ бон у слӕууын минӕварады сӕргъ Дамаскы.

© Sputnik / Наталья АйриянФӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрады (ФХМ) сӕргълӕууӕг Медойты Дмитрий
Пресс-конференция, посвященная установлению дипотношений между Россией и Южной Осетией - Sputnik Хуссар Ирыстон
Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрады (ФХМ) сӕргълӕууӕг Медойты Дмитрий

Медойты Дмитрий бахахх кодта, ацы азы кӕй уыд бирӕ нысаниуӕгджын цаутӕ республикӕйы фӕсарӕйнаг политикӕйы – Сербаг Республикӕмӕ ӕмӕ Наурумӕ балц, афтӕ ма хуссарирыстойнаг республикӕйы хайадист Европӕйы парламенты рабадты.

Ног хабӕртты лентӕ
0