Хуссар Иры ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрад августы баххуыс кодта ӕмбӕстӕгтӕн

© Sputnik / Наталья АйриянБольница
Больница - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Республикӕйы хицауад хыгъдлӕвӕрд радта Хуссар Ирыстоны ӕххуысхъуаг ӕмбӕстӕгтӕн ӕххуысы тыххӕй

ЦХИНВАЛ, 10 сен — Sputnik. Хуссар Ирыстоны ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынад ӕмӕ социалон райрӕзты министрад дарддӕр дӕр ӕххӕст кӕны материалон ӕххуыс республикӕйы ӕмбӕстӕгтӕн, кӕцытӕ сты царды зын уавӕрты. Ивгъуыд мӕй баххуыс кодтой 116 цӕрӕгӕн, хъусын кӕны республикӕйы хицауады пресс-службӕ.

Брифинг Марии Котаевой - Sputnik Хуссар Ирыстон
Джуссойты Алан Сӕрмагонд хыгъдыл: "кредитты" раздӕхт баххуыс уыдзӕн рынчын сабиты бинонтӕн

"Ацы аз августы материалон ӕххуыс райстой 116 адӕймаджы 1 360 929 сомы бӕрц, кӕцытӕй 9 сты I ӕмӕ II къорды инвалидтӕ (100 мин сом), 15 сабийы бонтӕй инвалидтӕ (150 мин сом), 40 бирӕсыввӕллонджын бинонтӕ (465 мин сом), 14 амӕттаджы бинонтӕ (130 мин сом), 12 ӕххуысхъуаг бинонтӕ (125 мин сом), 11 сидзӕры (115 мин сом), 12 ӕмбӕстаджы райстой материалон ӕххуыс сӕ ӕнӕниздзинады тыххӕй (200 мин сом), Стыр Фыдыбӕстон хӕсты дыууӕ хайадисӕг (40 мин сом), афтӕ ма дыууӕ ӕмбӕстаг райстой фӕйнӕ 35 мин сом царды критикон уавӕры тыххӕй", — дзырдӕуы хъусинаджы.

Республикӕйы ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрад алы мӕй дӕр дӕтты хицауадӕн информаци се 'ххуысы тыххӕй. Адресон ӕххуыс дӕттынц хицауады уынаффӕ "Адресон социалон ӕххуысы фӕдыл"-мӕ гӕсгӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0