Коцты Михаил "Евразия 2018" форумы тыххӕй: ӕрыздӕхтыстӕм ног зонындзинӕдтимӕ

© "Единая Алания"Южная Осетия на ММФ "Евразия"
Южная Осетия на ММФ Евразия - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Фӕсивӕдон организаци "Иугонд Алани"-йы уӕнгтӕ хайад райстой ӕрвылазон форумы, кӕцы здӕхт у евразиаг бӕстӕты цӕрджыты иудзинадмӕ

ЦХИНВАЛ, 12 сен — Sputnik, Уалыты Диана. Ӕвзонг фӕсивӕды делегаци Россторудничествойы ӕрхуындӕй ацыдысты ӕхсӕнадон форум "Евразия 2018"-мӕ Оренбургмӕ, кӕцы ӕрӕмбырд кодта 80 бӕстӕйы минӕвӕртты. Уый тыххӕй Sputnik пресс-центры радзырдта фӕсивӕдон организаци "Иугонд Алани"-йы сӕргълӕууӕг Коцты Михаил.

"Ацы форумы хайад райсыны тыххӕй ӕз ӕрӕмбырд кодтон 25-30 адӕймагӕй къорд, кӕцытӕ ӕвдыстой нӕ республикӕ алыгъуызон архайдты. Делегацийы балц сорганизаци кодта Россотрудничествойы сӕргълӕууӕг Хуссар Ирыстоны Сергей Скворцов, афтӕ ма нын уагдон баххуыс кодта ӕхцайы фӕрӕзтӕй дӕр", — загъта уый.

Пресс-конференци - Sputnik Хуссар Ирыстон
Форум "Балтийский Артек"-ы хайадисджытӕ: хъӕуы рафӕлхатын Цхинвалы

Коцты Михаил бафтыдта, зӕгъгӕ, форум ӕрӕмбырд кодта фӕсивӕды, кӕцытӕ сты ӕхсӕнадон хъуыдыйы лидертӕ, архайынц политикон ӕмӕ ӕхсӕнадон архайдты сӕ райгуырӕн бӕстӕты.

Афтӕ ма уый бахахх кодта, зӕгъгӕ, сӕ коллегӕтимӕ "Молодая гвардия" организацийӕ уыдон ӕрдзырдтой алыгъуызон цымыдисон проектты реализацийыл, ноджы ма ӕрныхас кодтой, цӕмӕй Хуссар Ирыстоны фӕсивӕд арӕх дӕр хайад иса ахӕм форумты.

Пресс-конференцийы кӕрон Коцты Михаил загъта бузныг Россотрудничество ӕмӕ республикӕйы президент Бибылты Анатолийӕн фӕсивӕдӕн ӕххуысы тыххӕй. Уый ма бафтыдта, зӕгъгӕ, дыууӕ боны фӕстӕ нывӕндынц балц Дагестанмӕ фӕсивӕдӕн, кӕцытӕ уыдысты волонтертӕ Хуссар Ирыстоны хӕдбардзинады банымады боны бӕрӕгбоны рӕстӕджы.

Ног хабӕртты лентӕ
0