Цхинвалмӕ бацӕуӕны хӕдтулгӕ ныццавта ӕртӕаздзыд сывӕллоны

© Пресс-служба МВД РЮО ДТП в Цхинвале: пострадал трехлетний ребенок
ДТП в Цхинвале: пострадал трехлетний ребенок - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Медиктӕ фехъусын кодтой, зианбаййафӕг сывӕллоны уавӕр у уӕззау

ЦХИНВАЛ, 13 сен — Sputnik. Ӕртӕаздзыд лӕппуйы хӕдтулгӕ ныццавта ӕртыццӕджы изӕры Цхинвалмӕ бацӕуӕны, хъусын кӕны Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕ.

Уагдоны банысан кодтой, зӕгъгӕ, сывӕллон велосипедыл раскъӕрдта Цхинвал-Дзау фӕндаджы ӕнӕрухс хаймӕ, цы ран ӕй ныццавта "Лада-Приора" хӕдтулгӕ, кӕцыйы шофыр уыд республикӕйы столицӕйы 36 аздзыд цӕрӕг.

"Медицинон басгӕрст сбӕрӕг кодта, шофыр кӕй уыд ӕрвонг", — фехъусын кодта МХМ.

Республикон соматикон рынчындоны информацимӕ гӕсгӕ, зианбаййафӕг сывӕллоны уавӕр у уӕззау.

Ног хабӕртты лентӕ
0