Хуссарирыстойнаг богалтæ фыццаг хатт хайад райстой ӔӔӔ-йы тохты

© Sputnik / Архив Дмитрия Кусраева Ирыстоны ӔӔӔ-йы командæ
Ирыстоны ӔӔӔ-йы командæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ӕмхæццæ æфсæддон æмтохæдты(ӔӔӔ) турниры Ирыстоны æмбырдгонд командæйы сконды архайдта æртæ цхинвайлаг спортсмены, командæйы уæнгтæ райстой фæлтæрддзинад æмæ дыууæ дыккаг бынат

ЦХИНВАЛ, 13 сен — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны Ӕмхæццæ æфсæддон æмтохæдты (ӔӔӔ) федерацийы минæвæрттæ æртæйæ Ирыстоны æмбырдгонд командæйы сконды стох кодтой æфсæддон кады горæтты Гран-прийы ерысты. Ирон командæйы дыууæ тохгæнæг райстой дыууæ æвзист майданы, фехъусын кодта Sputnik Хуссар Иры федерацийы президент Къусраты Дмитрий.

Рукопашный бой - Sputnik Хуссар Ирыстон
"К-9": Цхинвалы ацæудзæн профессионалон тохты изæр

Ерыстæ цыдысты Санкт-Петербурджы сентябры райдайæны.

"Фондзæй ацыдыстæм Цхинвалæй, не ʻхсæн æртæ тохгæнæджы, ӔӔӔ-йы спорты мастертæ. Лæппутæ тынг хорз тох кодтой, æртæ дæр фæйнæ дыууæ тохы рамбылдтой, фæлæ финалмæ ахизыныл фембæлдты фæхæрд сты. Федерацийы уæнгтæ фыццаг хатт сархайдтой ахæм ерысты. Ирыстоны æмбыргондæй  дыууæ лæппуйы ерысты ссисты дыккæгтæ", — загъта Къусраты Дмитрий

Уый ма радзырдта, ацы турниры фæлгæтты сын бантыст скæнын сразыдзинæдтæ æмæ нырæй фæстæмæ хуссарирыстойнаг спортсментæн фадат уыдзæн уæрæсейаг ерысты архайынæн.

"Ерысты фæлгæтты Уæрæсейы ӔӔӔ-йы цæдисы вице-президент Бурдзиаты Борисимæ баныхас кодтон æмæ нырæй фæстæмæ бынæттон тохгæнджытæн фадат уыдзæн архайын уæрæсейаг ерысты. Фыццаг фæлварæн нын суыдзæн ноябры райдайæны æппæтуæрæсеон турнир, цы ран уæлахизæй дæрддæр дæ тых, хъару æмæ арæхстдзинады руаджы райсдзынæ спорты мастеры ном дæр", — бафтыдта уый.

Федерацийы президент ма бузныг загъта Ӕфснайæн лагъзы разамынадæн æмæ сæрмагондæй та йæ кусæг Тадтаты Иннайæн се ххусы тыххæй.

© Sputnik / архив Дмитрия Кусраева Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны ӔӔӔ-йы федерацийы президенттæ
Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны ӔӔӔ-йы федерацийы президенттæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
1/2
Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны ӔӔӔ-йы федерацийы президенттæ
© Sputnik / Архив Дмитрия Кусраева Бурдзиаты Борис æмæ Къусраты Дмитрий
Бурдзиаты Борис æмæ Къусраты Дмитрий - Sputnik Хуссар Ирыстон
2/2
Бурдзиаты Борис æмæ Къусраты Дмитрий
1/2
Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны ӔӔӔ-йы федерацийы президенттæ
2/2
Бурдзиаты Борис æмæ Къусраты Дмитрий
Ног хабӕртты лентӕ
0