Цхинвалы хӕдтулгӕ ныццавта сылгоймаджы

© Sputnik / Алексей КовалевУлица Ленина в Цхинвале
Улица Ленина в Цхинвале - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цхинвалы цӕрӕг фӕзилӕны ныццавта сылгоймаджы – зианбаййафӕджы аластой рынчындонмӕ буары цӕфтимӕ

ЦХИНВАЛ, 14 сен — Sputnik. Хуссар Ирыстоны столицӕйы 38-аздзыд цӕрӕг сылгоймаджы ныццавта хӕдтулгӕ, хъусын кӕны республикӕйы Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕ. Цау ӕрцыд 13 сентябры, Советон ӕмӕ Джиоты Аланы уынджы алвӕндагыл.

Дорожный знак Знаурский район - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры фӕндӕгтыл уавӕр: иу авари ӕмӕ сӕдӕ фехӕлды

"Chevrolet Niva" хӕдтулгӕйы 44-аздзыд шофыр, Цхинвалы цӕрӕг, скъӕрдта Джиоты Аланы проспектыл 5-ӕм скъолайы рдӕм, фехӕлдта фӕндагон змӕлдты фӕтк, фӕзылдта Советон уынгмӕ ӕмӕ баскъӕрдта Цхинвалы 38-аздзыд цӕрӕг сылгоймагыл", — дзырдӕуы хъусинаджы.

МХМ банысан кодтой, зӕгъгӕ, зианбаййафӕг сылгомайджы аластой рынчындонмӕ буары цӕфтимӕ.

Басгӕрст уадзы Хуссар Ирыстоны Паддзахадон автоинспекци.

Ног хабӕртты лентӕ
0