Хуссар Ирыстоны Республикӕйы боны цытӕн уыдзӕн дӕргъвӕтин улӕфты бонтӕ

© Sputnik / Наталья АйриянДень Республики
День Республики - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстон 28-ӕм хатт нысан кӕндзӕн иууыл ахсджиагдӕр паддзахадон бӕрӕгбонтӕй иу

ЦХИНВАЛ, 14 сен — Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны Республикӕйы боны 28-ӕм афӕдзы боны цытӕн улӕфдзысты цыппар бон, загътой Sputnik хицауады пресс-службӕйы.

"Улӕфты бонтӕ уыдзысты 20 ӕмӕ 21 сентбяры, Хуссар Ирыстон куы нысан кӕна Республикӕйы бон ӕмӕ Мад Майрӕмы бӕрӕгбон. Уыцы бонты фӕстӕ цӕуынц улӕфты бонтӕ ӕмӕ республикӕйы цӕрджытӕ уый фӕдыл улӕфдзысты цыппар бон — цыппӕрӕм, майрӕмбон, сабат ӕмӕ хуыцабон", — радзырдтой пресс-службӕйы.

Автономон областы адæмон депутатты совет 1990 азы 20 сентябры расидт Советон демократон республикӕ Хуссар Ирыстон Советон Цæдисы сконды. Ацы уынаффæ ссис хæдбардзинад æмæ æхсæнадæмон нымадмæ фæндагыл фыццаг къахдзæфтæй иу. Уый фæстæ райдыдта дæргъвæтин тох хæдбардзинады сæрвæлтау, кæцы балхынцъ ис 2008 азы хæсты æмæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад Уæрæсейы 'рдыгæй банымадæй.

Ног хабӕртты лентӕ
0