Цхинвалы цӕрӕг барвӕндонӕй радта милицимӕ дамбаца

© Sputnik / Наталья АйриянДамбаца
Дамбаца - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Нӕлгоймаг бамбарын кодта, кӕй ссардта хӕцӕнгарз хъӕуы фӕндагыл

ЦХИНВАЛ, 17 сен — Sputnik. Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) фехъусын кодтой, республикӕйы цӕрӕг барвӕндонӕй кӕй радта ӕнӕрегистрацигонд хӕцӕнгарз.

Калашниковы автомат - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалы цӕрӕг радта милицимӕ Калашниковы автомат

Уагдоны информацимӕ гӕсгӕ, горӕты 43-аздзыд цӕрӕг барвӕндонӕй радта "Макаровы" дамбаца, иу агъуд ӕмӕ ӕхсӕз нӕмыджы.

"Нӕлгоймаг бамбарын кодта, кӕй ссардта хӕцӕнгарз хъӕуы фӕндагыл ӕмӕ йӕ радта барвӕндонӕй, цӕмӕй йӕ ма ӕрбаздӕхой уголовон бӕрнмӕ", — дзырдӕуы пресс-службӕйы хъусинаджы.

Криминалон милицийы кусджытӕ бӕрӕг кӕнынц цауы ӕууӕлтӕ.

Республикӕйы МХМ бирæ хатт сидт цæрджытæм барвæндонæй хæцæнгарз, рæмудзæн æрмæг æмæ нæмгуытӕ раттыны тыххӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0