Хуссар Иры юстицийы министрады кусджытӕн радтой хорзӕхтӕ

© Пресс-служба президента РЮОХуссар Иры юстицийы министрады кусджытӕн радтой хорзӕхтӕ
Хуссар Иры юстицийы министрады кусджытӕн радтой хорзӕхтӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Министрады кусджыты схорзӕхджын кодтой се 'рвылбонон куысты тыххӕй

ЦХИНВАЛ, 26 сен — Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий схорзӕхджын кодта юстицийы министрады иууыл хуыздӕр кусджыты майдантӕй "Хуссар Ирыстоны Фыдыбӕстон хӕсты адӕмы уӕлахизыл 10 азы сӕххӕсты цытӕн", хъусын кӕны паддзахады сӕргълӕууӕджы пресс-службӕ.

"Фӕнды мӕ зӕгъын бузныг юстицийы министрадӕн сӕ ахсджиаг куысты тыххӕй, кӕцы сымах аразут, цӕмӕй бакӕнат Хуссар Ирыстоны закондӕттынад ӕмбӕлон арӕнтӕм", — загъта президент.

Афтӕ ма Бибылты Анатолий бахахх кодта хӕслӕвӕрдты ахсджиагдзинад, кӕцытӕ лӕууынц уагдоны кусджыты раз, сӕйраджыдӕр, министрадӕн хъӕуы саразын "Республикӕ Хуссар Ирыстоны паддзахадон граждайнаг службӕйы фӕдыл" закон. Президент банысан кодта, бирӕ адӕм кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсынц ацы закон райсынмӕ.

Президент загъта бузныг юстицийы министрады кусджытӕн сӕ куысты тыххӕй ӕфхӕрдтӕ ӕххӕст кӕныны фадыджы.

Юстицийы министр Лалиты Зӕлинӕ банысан кодта, зӕгъгӕ, кусджыты, кӕцыты схорзӕхджын кодтой, ӕрвылбон дӕр сӕ куыст ӕххӕст кодтой цӕсгомджынӕй.

Афтӕ ма уагдоны сӕргълӕууӕг бахахх кодта, Ӕфхӕрдтӕ ӕххӕст кӕныны хайад ӕмӕ Регистрацион службӕйы реформӕтӕ тагъд кӕй бахӕццӕ уыдзысты кӕронмӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0