Хуссар Иры МХМ кусджытӕ ӕрныхас кодтой скъоладзауты ныййарджытимӕ

© Пресс-служба МВД РЮО.Хуссар Иры МХМ кусджытӕ ӕрныхас кодтой скъоладзауты ныййарджытимӕ
Хуссар Иры МХМ кусджытӕ ӕрныхас кодтой скъоладзауты ныййарджытимӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ӕнахъомты хъуыддӕгты фӕдыл инспектортӕ ӕрсидтысты ныййарджытӕм, цӕмӕй сӕ сывӕллӕтты бирӕ ма уадзой ӕнафоны уынджы, афтӕ ма радзырдтой гаджеттӕй пайда кӕныны проблемӕты тыххӕй дӕр

ЦХИНВАЛ, 2 окт — Sputnik. Хуссар Ирыстоны мидхъуыддӕгты органты кусджытӕ ӕнафоны уынджы куы феной ӕнахъомы ӕнӕ хистӕртӕй, уӕд-иу ӕй акӕндзысты мидхъуыддӕгты хайадмӕ, цалынмӕ йӕ ныййарджытӕ ма ӕрбацӕуой, уӕдмӕ, хъусын кӕны республикӕйы Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕ.

Хуссар Иры МХМ бафӕдзӕхста велосипедистты - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры МХМ бафӕдзӕхста велосипедистты бӕрны тыххӕй

Хуссар Ирыстоны МХМ кусджытӕ ауагътой профилактикон ныхас цхинвайлаг скъолаты ахуыргӕнинӕгты ныййарджытимӕ. Мадзалы рӕстӕджы банысан кодтой, сывӕллӕтты хъомылады хайад кӕй хъуамӕ исой куыд скъола, афтӕ ныййарджытӕ дӕр.

"Ахуыргӕнӕндон хъуамӕ развӕлгъау сбӕрӕг кӕна кризисон уавӕр. Фӕлӕ ацы процессы хъуамӕ хайад исой ныййарджытӕ дӕр, сӕ хъус дарой сывӕллӕттӕм, сӕйраджыдӕр, хистӕркъласонтӕм, уымӕн ӕмӕ уыцы кары сывӕллӕттӕ бахауынц ӕвзӕр ахадындзинады бын", — загъта Гатайты Лали.

Афтӕ ма милицийы кусджытӕ бахатыдысты ныййарджытӕм, цӕмӕй сӕ сывӕллӕттӕ бирӕ ма пайда кӕной гаджеттӕй.

"Кӕцыдӕр скъоладзаутӕ ӕрбацӕуынц ахуырмӕ фӕлладӕй, уый тыххӕй ӕмӕ бирӕ фӕбадынц интернеты. Интернетимӕ телефон хъыгдары ахуыры", — бафтыдта Гатайты Лали.

Афтӕ ма инспектортӕ бахатыдысты ныййарджытӕм, цӕмӕй ахуыр кӕной сӕ сывӕллӕтты фӕндагон змӕлды фӕтк ӕмӕ сӕ ӕнафоны бирӕ ма уадзой уынджы.

"Ӕнахъомы ӕнӕ хистӕртӕй куы фенӕм, уӕд-иу ӕй акӕндзыстӕм мидхъуыддӕгты хайадмӕ, цалынмӕ йӕ ныййарджытӕ ма ӕрбацӕуой, уӕдмӕ. Уый та у стрессон уавӕр куыд сывӕллонӕн, афтӕ йӕ ныййарджытӕн дӕр", — загъта Гатайты Лали.

Ног хабӕртты лентӕ
0