Лæвар дыргътæ: интернат райста æххуыс Кæсæгæй

© Sputnik / Алексей КовалевЯблоки Сатикар
Яблоки Сатикар - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Скъола-интернаты къæбицмæ æрбафтыд тонны бæрц фæткъуы

ЦХИНВАЛ, 3 окт — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны Цхинвалы скъола-интернат райста лæвар дыргътæ Кæсæг-Балхъарæй, фехъусын кодта Sputnik скъолайы директор Тедеты Роланд.

Дыргътæ æмбырд кæнынмæ абалц сты скъоладзаутæ сæхæдæг дæр.

"Кæсæг-Балхъары республикæйаг рæдау лæг, Хуссар Иры хæххон-лыжæйон туризмы президент Тедеты Лерийы хæлар Абшев Хасаны бафæндыд баххуыс кæнын йæхи тыллæгæй сабитæн. Ацыдысты æмæ æрæмбырд кодтой хъæзныг тыллæг. Бузныгæй сæ баззадыстæм, сабитæ тынг фæцин кодтой, бæркадджын уæт", — загъта директор.

Скъола-интернаты къæбицмæ æрбафтыд тонны бæрц цыппар сорт фæткъуы.

Ног хабӕртты лентӕ
0