Хуссар Иры кӕцыдӕр фӕндӕгты ӕрӕхгӕндзысты ахуырты тыххӕй

© Sputnik / Ада БагианХуссар Иры кӕцыдӕр фӕндӕгты ӕрӕхгӕндзысты ахуырты тыххӕй
Хуссар Иры кӕцыдӕр фӕндӕгты ӕрӕхгӕндзысты ахуырты тыххӕй - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уӕлвӕткон уавӕрты министрады бафӕдзӕхстой фӕндаджы хай ӕрӕхгӕныны тыххӕй, кӕцы цӕуы Гуфтайы хъӕумӕ

ЦХИНВАЛ, 3 окт — Sputnik. Хуссар Ирыстоны столицӕйы микрорайон "Хурзӕрин"-ӕй Гуфтайы хъӕумӕ фӕндаджы хай ӕрӕхгӕндзысты 4 октябры ахуырты тыххӕй, фехъусын кодтой республикӕйы Уӕлвӕткон уавӕрты министрады (УУМ) пресс-службӕйы.

"Хуссар Ирыстоны УУМ ахуырты тыххӕй 4 октябры 12.30 — 13.30 сахатыл фӕндаджы хай микрорайон "Хурзӕрин"-ӕй Гуфтайы хъӕумӕ уыдзӕн ӕхгӕд", — дзырдӕуы хъусинаджы.

Дӕнцон ахуыртӕ уагъд цӕудзысты уагдоны арӕзтады юбилейы цытӕн — ацы аз Хуссар Ирыстоны УУМ нысан кӕны йӕ куысты дӕсӕм афӕдзы бон.

Ног хабӕртты лентӕ
0