Цхинвалы цӕрджытӕ рахъаст кодтой депутаттӕн сӕ уынгыл куыстыты гъӕдӕй

© Пресс-служба парламента РЮОКъуайсайы уынджы цӕрджыты зӕрдӕмӕ нӕ цӕуы сӕ уынджы арӕзтад
Къуайсайы уынджы цӕрджыты зӕрдӕмӕ нӕ цӕуы сӕ уынджы арӕзтад - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Къуайсайы уынджы цӕрджытӕ, кӕцыты зӕрдӕмӕ нӕ цӕуы сӕ уынджы арӕзтад, бадзырдтой сӕйраг партийы офисмӕ

ЦХИНВАЛ, 3 окт — Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны парламенты депутат Цоциты Игорь фембӕлд Цхинвалы Къуайсайы уынджы цӕрджытимӕ, кӕцытӕ бадзырдтой парти "Иугонд Ирыстон"-мӕ, цӕмӕй сын баххуыс кӕной аскъуыддзаг кӕнын сӕ уынджы арӕзтады фарстытӕ, хъусын кӕны парламенты пресс-службӕ.

Цӕрджытӕ радзырдтой депутатӕн, проектмӕ гӕсгӕ тротуар кӕй нӕ сараздзысты, аразджытӕ та дзурынц, сӕ бон проект аивын кӕй нӕу.

"Астфатерон хӕдзары цӕрджытӕ фенын кодтой Цоциты Игорӕн уынджы территори, цы ран зыны, проект афтӕ уадзын кӕй нӕй гӕнӕн. Хӕдзар ис Къуайса ӕмӕ Фидауынгӕнджыты уынджы алвӕндагыл ӕмӕ йӕ разы фӕзынд фӕзуат, кӕцы, проектмӕ гӕсгӕ, нӕ бамбӕрздзысты тротуарон плиткӕйӕ", — радзырдтой пресс-службӕйы.

Столицӕйы уынджы цӕрджытӕй иу Тедеты Юрий банысан кодта, зӕгъгӕ, ацы фӕзуатмӕ рахизынц хӕдзары фатерты дуӕрттӕ, ӕмӕ уый тыххӕй цӕрджытӕ хъуамӕ цӕуой цъыфы.

© Пресс-служба парламента РЮОКъуайсайы уынджы цӕрджыты зӕрдӕмӕ нӕ цӕуы сӕ уынджы арӕзтад
Депутат Парламента РЮО Игорь Чочиев провел встречу с жителями улицы Квайсинская - Sputnik Хуссар Ирыстон
Къуайсайы уынджы цӕрджыты зӕрдӕмӕ нӕ цӕуы сӕ уынджы арӕзтад

Депутат байхъуыста цӕрджыты проблемӕтӕм ӕмӕ бадзырдта арӕзтады министр Зӕгъойты Эдуардмӕ, кӕцы баныфсӕвӕрдта аскъуыддзаг кӕнын проблемон фарст.

Ног хабӕртты лентӕ
0