Хуссар Иры ПӔК радзырдта ивгъуыд мӕйы арӕнсӕтджыты тыххӕй

© Sputnik / Наталья АйриянАрӕн
Арӕн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Паддзахадон ӕдасдзинады комитеты банысан кодтой, сентбяры арӕнсӕтджыты нымӕц кӕй фӕцъусдӕр

ЦХИНВАЛ, 5 окт — Sputnik. Хуссар Ирыстон ӕмӕ Гуырдзыстоны ӕхсӕн паддзахадон арӕны барадон режим сентбяры фехӕлдтой 50 адӕймагӕй фылдӕр, хъусын кӕны паддзахадон ӕдасдзинады комитеты (ПӔК) пресс-службӕ.

Августы та арӕнсӕтджыты нымӕц уыд 56 адӕймаджы.

"Сентябры Хуссар Ирыстоны паддзахадон арӕны алыгъуызон хӕйтты ӕрцахстой 53 арӕнсӕттӕджы. 29 адӕймаджы фехӕлдтой паддзахадон арӕны режим, 24 та арӕнгӕрон режим", — банысан кодтой ПӔК.

Уагдоны арӕнгӕрон службӕ ауагъта равзӕрсттӕ, кӕцыты фӕстиуӕгӕн арӕнсӕтджыты ӕрбаздӕхтой административон бӕрнмӕ ӕмӕ ауагътой семӕ ӕмбарынгӕнӕн ныхас.

Гуырдзыстонимӕ арӕн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Куыд уагътой Гуырдзыстонимӕ арӕн: Хуссар Иры сарӕзтой сӕрмагонд къамис

"41 адӕймаджы фӕивар кодтой, фондз адӕймаджы та фӕивар кодтой ӕмӕ сӕ арвыстой Хуссар Ирыстоны территорийӕ, ӕхсӕзы бафӕдзӕхстой. Ноджы ма иу адӕймаджы ныхмӕ та бакодтой уголовон хъуыддаг", — радзырдтой ПӔК.

Иумӕйагӕй, арӕнсӕтджытӕ бафыстой республикӕйы бюджетмӕ ивар 142 мин сомы бӕрц.

Афтӕ ма сентябры ПӔК арӕнгӕрон службӕ сӕххӕст кодта ахуырады аз ӕмӕ республикӕйы сӕвзӕрды 28 афӕдзы боны ӕдасдзинады мадзӕлттӕ.

Уымӕй дарддӕр ма арӕнгӕрон службӕ фехъусын кодта, зӕгъгӕ, Хъӕууон хӕдзарады министрады уынаффӕмӕ гӕсгӕ, хъулон хъӕндилы фӕзынды тыххӕй, республикӕйы территоримӕ нал ис гӕнӕн ласын прордукци Хуссар Ирыстон ӕмӕ Гуырдзыстоны арӕны уадзӕн пункттӕ "Синагур" ӕмӕ "Переу"-ы уылты.

Ног хабӕртты лентӕ
0