Собибор: Цхинвалы æрымысдзысты 75 азы размæ растад

© Sputnik / Архивное фотоСобибор
Собибор - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Собибор нымад цæуы СФХ дуджы иууыл æнтыстджындæр легендарон растадыл, 600 ахæстæй аивæрзт 400 адæймаджы онг

ЦХИНВАЛ, 9 окт — Sputnik, Плиты Фатимæ. Цхинвалы Ӕнусон арты цур æрымысдзысты Стыр Фыдыбæстæйон хæсты нысаниуæгджын цаутæй иу – фашистон концлагерь Собиборы растад, фехъусын кодтой Sputnik Фæсивæдон политикæ, спорт æмæ туризмы комитеты пресс-службæйы.

Мадзал аразы "Россотрудничество" Ахуырады министрад æмæ Спорты комитеты æмархайдæй.

"Стыр Фыдыбæстæйон хæсты фашистон концлагерь Собиборы растадыл 75 азы сæххæсты цытæн 12 октябры 14.00 сахатыл Цхинвалы Хъайтарты аллейы Ӕнусон цырты цур ацæудзæн фашистон концлагеры æхсарджын ахæстонты растады бонæн нывонд мадзал", — загътой уагдоны пресс-службæйы.

75 азы размæ, Стыр Фыдыбæстæйон хæсты рæстæджы польшæйаг фашистон лагеры ахæстытæн бантыст саразын растад советон лейтенант Александр Печерскийы разамындæй. Лагеры уæвæг 600 адæймагæй растады хайд нæ райста 130 адæймаджы, 80 фæмард сты лидзгæ-лидзын, аннæтæн бантыст аирвæзын. Собиборы чи баззад, уыдон иууылдæр немыцæгтæ ныццагътой дыккаг бон.

Концлагеры бынаты Польшæйы хицауад бакодта мемориал.

Ног хабӕртты лентӕ
0