Сирийы парламент сратификаци кодта Хуссар Иримӕ ӕмгуыстады бадзырд

© Пресс-служба президента РЮОСири ӕмӕ Ирыстоны тырысатӕ
Сири ӕмӕ Ирыстоны тырысатӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Сири, кӕцы банымадта хуссарирыстойнаг республикӕйы хӕдбардзинад ацы аз уалдзӕджы, сратификаци кодта дыууӕ президенты ӕхсӕн бадзырд

ЦХИНВАЛ, 10 окт — Sputnik. Сирийы закондӕттӕн орган сратификаци кодта хӕларад ӕмӕ ӕмгуыстады фӕдыл бадзырд Хуссар Ирыстонимӕ, хъусын кӕны РИА Новости.

"Парламент райста законыпроект, уым ис пункт Хӕларад ӕмӕ ӕмгуыстады фӕдыл бадзырды ратификацийы тыххӕй, кӕцы ӕрфыстой Дамаскы 2018 азы 23 июлы Сирийы президент Башар Асад ӕмӕ Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий", — фехъусын кодтой парламенты.

Бибылты Анатолий - Sputnik Хуссар Ирыстон
Бибылты Анатолий: Хуссар Ир ӕмӕ Сирийы бизнесментӕ райтынг кӕндзысты бастдзинӕдтӕ

Бӕстӕты ӕхсӕн дипломатон ахастытӕ сфидар кӕныны фӕдыл бадзырд та бафыстой июлы САР фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министр Валид Муаллем ӕмӕ Хуссар Ирыстоны ФХМ сӕргълӕууӕг Медойты Дмитрий. Уый фӕстӕ Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий, кӕцы ӕрцыд Сиримӕ кусӕгон балцы, бафыста САР президент Башар Асадимӕ хӕларад ӕмӕ ӕмгуыстады фӕдыл бадзырд.

Амӕйразмӕ Сирийы минӕвар Уӕрӕсейы Федерацийы Рияд Хаддад фехъусын кодта, Сири ӕввахс рӕстӕджы кӕй бакӕндзӕн Цхинвалы минӕварад.

Ацы аз майы Сири банымадта Хуссар Ирыстон ӕмӕ Абхазы хӕдбардзинад.

Ног хабӕртты лентӕ
0