Хуссар Иры аварийы зиан баййӕфта цыппараздзыд сывӕллон

© SputnikДетская больница в Цхинвале
Детская больница в Цхинвале - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Авари ӕрцыд знон изӕр Дменис-Цхинвалы фӕндаджы фыццӕгӕм километрыл

ЦХИНВАЛ, 10 окт — Sputnik. Хуссар Ирыстоны фӕндагон-транспортон цауы фӕстиуӕгӕн зиан баййӕфта цыппараздзыд сывӕллон, хъусын кӕны республикӕйы Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕ.

Авари ӕрцыд знон изӕр Дменис-Цхинвалы фӕндаджы фыццӕгӕм километрыл.

"Цхинвалы 30-аздзыд цӕрӕг, Volkswagen Touareg хӕдтулгӕйы шофыр фехӕлдта фӕндагон змӕлды фӕтк, нӕ радта фӕндаг ӕндӕр транспортон фӕрӕзӕн ӕмӕ сӕмбӕлд Mitsubishi Challenger хӕдтулгӕйыл, кӕцыйыл скъӕрдта Ленингоры поселочы 30-аздзыд цӕрӕг. Цауы фӕстиуӕгӕн Mitsubishi Challenger хӕдтулгӕйы цыппараздзыд пассажиркӕйы аластой республикон соматикон рынчындонмӕ", — банысан кодтой пресс-службӕйы.

Уагдоны бафтыдтой, зӕгъгӕ, медицинон басгӕрст сбӕрӕг кодта, дыууӕ шофыр дӕр кӕй уыдысты ӕрвонг. Басгӕрст уадзы Хуссар Ирыстоны Паддзахадон автоинспекци.

Ног хабӕртты лентӕ
0