Хуссар Иры ӔХМ радзырдта ӕмбӕстӕгтӕн ӕххуысы тыххӕй

© Sputnik / Наталья АйриянБольница
Больница - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уагдоны дарддӕр дӕр ӕххӕст кӕнынц материалон ӕххуыс царды зын уавӕрты бахаугӕ адӕмӕн

ЦХИНВАЛ, 11 окт — Sputnik. Хуссар Ирыстоны ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынад ӕмӕ социалон райрӕзты министрад сентябры рахицӕн кодта ӕххуысхъуаг бинонтӕн 800 мин сомы, хъусын кӕны хицауады пресс-службӕ. Иумӕйагӕй, программӕйы фӕлгӕтты материалон ӕххуыс бакодтой 71 адӕймагӕн.

Больница - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрад августы баххуыс кодта ӕмбӕстӕгтӕн

"Уыдонӕй авд сты I ӕмӕ II къорды инвалидтӕ (90 мин сом), 13 сабийы бонтӕй инвалидтӕ (130 мин сом), 26 бирӕсывӕллонджын бинонтӕ (295 мин сом), 14 амӕттаджы бинонтӕ (130 мин сом), аст ӕххуысхъуаг бинонтӕ (125 мин сом), дыууӕ сидзӕры (20 мин сом), 8 ӕмбӕстаджы райстой материалон ӕххуыс сӕ лӕмӕгъ ӕнӕниздзинады тыххӕй (105 мин сом), афтӕ ма Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты дыууӕ хайадисӕг (40 мин сом)", — дзырдӕуы хъусинаджы.

Адресон ӕххуыс республикӕйы цӕрджытӕн, кӕцытӕ сты зын уавӕрты, дӕттынц хицауады уынаффӕ "Адресон социалон ӕххуысы фӕдыл"-мӕ гӕсгӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0