Цхинвалы радтой Нафийы премитæ

© Sputnik / Фатима ПлиеваЦхинвалы радтой Нафийы премитӕ
Цхинвалы радтой Нафийы премитӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Зынгӕ ирон литературон архайджытӕ Чехойты Оля, Хетæгкаты Оксана, Хохойты Энвер æмæ абхазаг поэт Геннадий Аламиа райстой Джусойты Нафийы æртыккаг конкурсы премитæ

ЦХИНВАЛ, 12 окт — Sputnik, Плиты Фатимæ. Цхинвалы схорзæхджын кодтой зынгæ ирон фыссæг æмæ ахуыргонд, филологон зонæдты доктор Джусойты Нафийы номыл 2017-2018 æзты национ литературон премийы конкурсы лауреатты, хъусын кæны Sputnik уацхæссæг.

поэт Геннадий Аламиа - Sputnik Хуссар Ирыстон
Аланийæ Аламиайæн: Абхазаг поэты рахицæн кодтой Нафийы премийæ

Премийы фыццаг лауреат ссис поэт Чехойты Оля, дыккаг премийæ радтой газет "Рæстдзинад"-ы уацхæссæг Хетæгкаты Оксанайы æмæ æртыккаг преми та райста поэт Хохойты Энвер. Ацы аз сæрмагонд премийæ рахицæн кодтой абхазаг поэт æмæ æхсæнадон архайæг Геннадий Аламиайы. Сфæлдыстадон кусæгæн хæрзиуæг радтой Хетæгкаты Къостайы "Ирон фæндыр" абхазаг æвзагмæ раивыны тыххæй.

Уымӕй дарддӕр, конкурсмӕ йӕ куыстытӕ чи бавдыста ӕмӕ фылдӕр хъӕлӕстӕ чи райста, уыдонӕй цалдæр адӕймаджы та райстой грамотӕтӕ.

© Sputnik / Фатима ПлиеваВ Цхинвале прошло награждение лауреатов премии Нафи Джусойты
В Цхинвале прошло награждение лауреатов премии Нафи Джусойты - Sputnik Хуссар Ирыстон
В Цхинвале прошло награждение лауреатов премии Нафи Джусойты

Джусойты Нафийы номыл премитӕ дæттыны цытджын церемони ацыд Цхинвалы ХИПУ-йы актон залы.

"Фонд, кæцы дæтты ацы премитæ сарæзта Хуссар Ирыстоны раздæры хицауады сæрдар Хуыгаты Ростик. Уый ардыгæй куы ацыд, уæдæй фæстæмæ 12 милуан æмæ 300 мин сомы бахардз кодта Хуссар Ирыстоныл йæхи фæрæзтæй.Бирæ фысджытæн нæй фадат сæ уацмыстæ рауадзынæн æмæ уымæн аскъуыддзаг кодтам ацы конкурс уадзын", — загъта фонды разамонæг Челехсаты Хъазбег.

Хорзӕх кӕныны церемонийы хайад райстой Хуссар Иры хицауады уӕнгтӕ ӕмӕ сфӕлдыстадон кусджытӕ, цӕрджытӕ, ӕрцыд стыр делегаци Цӕгат Ирыстонӕй. Преми дӕттыны рӕстӕджы сӕ арӕхстдзинад равдыстой бынӕттон сфӕлдыстадон коллективтӕ æмæ зарæггæнджытæ.

Джусойты Нафийы æрвылазон преми лæвæрд цæуы ныр æртыккаг хатт. Конкурс фыццаг хатт расидт 2015 азы хӕрзаудӕн фонд "Амонд", кӕцы сарӕзта РХИ хицауады раздӕры сӕрдар Хуыгаты Ростик.

Ног хабӕртты лентӕ
0