Хуссар Ирыстоны майрӕмбоны нӕ уыдзӕн рухс

© Sputnik / Игорь Онучин /  Ахизын медиабанкмæЭлектрондыхы хахх
Электрондыхы хахх - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Электроэнерги ахицӕн кӕндзысты "Цӕгаттаг портал" дӕлстанц ӕмӕ "Цӕгаттаг портал - Дзау" электрондыхы хаххыл куыстыты тыххӕй

ЦХИНВАЛ, 17 окт — Sputnik. Хуссар Ирыстоны электроэнерги ахицӕн кӕндзысты майрӕмбоны, 19 октябры 09.00 — 18.00 сахатмӕ "Цӕгаттаг портал" дӕлстанцыл куыстыты тыххӕй, фехъусын кодта Sputnik Паддзахадон унитарон куыстуат "Энергоресурс — Хуссар Ирыстон"-ы генералон ди⁠ректоры хӕдивӕг Гӕбӕраты Анатолий.

Электроэнерги ахицӕн кӕндзысты "Цӕгаттаг портал" дӕлстанц ӕмӕ "Цӕгаттаг портал — Дзау" электрондыхы хаххыл куыстыты тыххӕй.

"Рухс хъуамӕ ахицӕн кодтаиккой къуырисӕры, фӕлӕ йӕ аивтам номдзыд ирон поэт, ирон литературон ӕвзаджы бындурӕвӕрӕг Хетӕгкаты Къостайы райгуырӕн боны тыххӕй. Электроэенерги нӕ уыдзӕн майрӕмбоны, 19 октябры 9-18 сахатыл", — банысан кодта Гӕбӕраты Анатолий.

Хуссар Ирыстонмӕ электроэнерги цӕуы Уӕрӕсейӕ 110 КВт электрондыхы хахх "Зӕрӕмӕг-Цӕгатаг портал-Дзау"-ыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0