Уӕззау ӕмӕ тӕссаг куыст: Хуссар Иры схорзӕхджын кодтой альпинистты

© Sputnik / Наталья АйриянХуссар Иры схорзӕхджын кодтой альпинистты
Хуссар Иры схорзӕхджын кодтой альпинистты - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Альпинистты схорзӕхджын кодтой майдантӕ "Хуссар Ирыстоны Фыдыбӕстон хӕсты адӕмы уӕлахизыл 10 азы сӕххӕсты цытӕн" ӕмӕ Хуссар Ирыстоны парламенты Кадджын грамотайӕ

ЦХИНВАЛ, 17 окт — Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны парламенты спикер радта паддзахадон хорзӕхтӕ хӕхты бӕрзӕндтӕм хӕрдмӕцыдты хайадисджытӕн, кӕцытӕ нывонд уыдысты ахсджиаг датӕтӕ ӕмӕ цаутӕн.

Июлы Хуссар Ирыстоны альпинисттӕ ӕрсагътой сириаг ӕмӕ хуссарирыстойнаг тырысатӕ Зикъарайы хохыл (3828 метр). Республикӕйы иууыл бӕрзонддӕр хӕхтӕй иумӕ схызт нывонд уыд дыууӕ бӕстӕйы ӕхсӕн ӕмгуыстад ӕмӕ хӕларады бадзырдӕн.

© Sputnik / Наталья АйриянХуссар Иры схорзӕхджын кодтой альпинистты
Петр Гассиев наградил альпинистов Южной и Северной Осетии - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры схорзӕхджын кодтой альпинистты

Зилгӕ-хохмӕ (3853 метр) хӕрдмӕцыд сӕххӕст ис августы — Абхазы хӕдбардзинад ӕмӕ уӕлахизы боны цытӕн Хуссар Ирыстоны альпинистты къорд ӕрсагъта абхазаг ӕмӕ хуссарирыстойнаг тырысатӕ хохы бӕрзӕндыл.

Ноджы ма иу хӕрдмӕцыды хайад райста президент Бибылты Анатолий. Хуссар ӕмӕм Цӕгат Ирыстоны альпинисттӕ схызтысты Хуссар ӕмӕ Цӕгат Ирыстоны ӕхсӕн бӕрзӕндмӕ ӕмӕ схуыдтой раздӕры ӕнӕном хох бӕрзӕнд "Алани".

"Мӕн фӕнды президенты номӕй зӕгъын бузныг сымахӕн уӕ активон хайадисты тыххӕй республикӕйы царды. Бузныг, кӕй нӕ фӕзивӕг кодтат, кӕй ныууагътат уӕ хъуыддӕгтӕ ӕмӕ сӕххӕст кодтат хӕрдмӕцыдтӕ хӕхтӕм, кӕцытӕ нывонд уыдысты нӕ историйы ахсджиаг датӕтӕн", — загъта альпинисттимӕ фембӕлды рӕстӕджы Гасситы Петр.

Альпинисттӕ радзырдтой сӕ хӕрдмӕцыдтӕй хабӕрттӕ ӕмӕ сӕ тӕлмӕнтӕ.

© Sputnik / Наталья АйриянХуссар Иры схорзӕхджын кодтой альпинистты
Петр Гассиев наградил альпинистов Южной и Северной Осетии - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры схорзӕхджын кодтой альпинистты

"Хохыл абхазаг тырыса куы ӕрсагътам, уӕд ссардтам фыстӕг, кӕцыйы уыд фыст, зӕгъгӕ, ацы бӕрзӕндыл 2002 азы уыд Гасситы Петр. Афтӕ ма уым фыст уыд, ды кӕй схызтӕ хохмӕ иууыл зындӕр фӕндаджы уылты — ныгуылӕны фарсӕй", — радзырдта хӕрдмӕцыды хайадисджытӕй иу Багаты Марат.

Иунӕг сылгоймаг альпинистты ӕхсӕн Хъуылымбегты Зарада банысан кодта, зӕгъгӕ, ацы хӕрдмӕцыд уыд уӕззау, уый тыххӕй ӕмӕ хохмӕ цыдысты ӕвзӕр боныгъӕды.

© Sputnik / Наталья АйриянХуссар Иры схорзӕхджын кодтой альпинистты
Хуссар Иры схорзӕхджын кодтой альпинистты - Sputnik Хуссар Ирыстон
1/7
Хуссар Иры схорзӕхджын кодтой альпинистты
© Sputnik / Наталья АйриянХуссар Иры схорзӕхджын кодтой альпинистты
Хуссар Иры схорзӕхджын кодтой альпинистты - Sputnik Хуссар Ирыстон
2/7

3/7

4/7

5/7

6/7

7/7

Цӕгат Ирыстоны Уӕлвӕткон уавӕрты министрады (УУМ) минӕвар Рӕмонаты Ацӕмӕз загъта бузныг, цӕгатирыстойнаг альпинисттӕн дӕр кӕй радтой фадат сӕххӕст кӕнын хӕрдмӕцыд ацы символикон хохмӕ, кӕцы фӕстӕдӕр райста ном бӕрзӕнд "Алани".

Альпинистты схорзӕхджын кодтой майдантӕ "Хуссар Ирыстоны Фыдыбӕстон хӕсты адӕмы уӕлахизыл 10 азы сӕххӕсты цытӕн" ӕмӕ Хуссар Ирыстоны парламенты Кадджын грамотайӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0