Хуссар Иры хицауады сӕрдар фембӕлд Росстаты минӕвӕрттимӕ

© Пресс-служба правительства РЮОГлава Кабмина Южной Осетии встретился с представителями Росстата
Глава Кабмина Южной Осетии встретился с представителями Росстата - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Фарсытӕ ӕрдзырдтой республикӕйы Паддзахадон статистикӕйы хайадӕн методологон ӕмӕ консультативон ӕххуыс бакӕныны фарстытыл

ЦХИНВАЛ, 18 окт — Sputnik. Хуссар Ирыстоны хицауады сӕрдар Пухаты Эрик фембӕлд Росстаты минӕвӕрттимӕ, кӕцытӕ ӕрцыдысты нӕ республикӕмӕ кусӕгон балцы. Уый тыххӕй хъусын кӕны хицауады пресс-службӕ. Фарсытӕ ӕрдзырдтой Хуссар Ирыстоны Паддзахадон статистикӕйы хайадӕн методологон ӕмӕ консультативон ӕххуыс бакӕныны фарстытыл.

Хицауады рабадт - Sputnik Хуссар Ирыстон
Пухаты Эрик радзырдта Хуссар Ирыстоны арӕзтады тыххӕй

Кусӕгон къорды сконды сты Росстаты царды ӕмвӕзад ӕмӕ хӕдзарады басгӕрсты статистикӕйы хайады хистӕр Елена Фролова, йӕ хӕдивӕг Марина Милиничева ӕмӕ Росстаты сӕргълӕууӕджы уынаффӕгӕнӕг Дмитрий Бочарев.

Пухаты Эрик банысан кодта, зӕгъгӕ, республикӕйӕн тынг ахсджиаг уыдзӕн хӕдзарадты басгӕрсты экономикон ӕмӕ социалон нысаниуӕг.

"Басгӕрсты иууыл ахсджиагдӕр хӕслӕвӕрдтӕй иу у ӕрӕмбырд кӕнын информаци хъӕууон хӕдзарады тыххӕй ӕмӕ саразын анализтӕ республикӕйы хӕлцадон ӕдасдзинады тыххӕй", — радӕтта хицауады сӕрдары ныхӕстӕ йӕ пресс-службӕ.

Росстаты минӕвар Елена Фролова банысан кодта, зӕгъгӕ, Хуссар Ирыстоны коллегӕтӕн баххуыс кӕндзысты хӕдзарадты басгӕрсты фарстыты.

Ног хабӕртты лентӕ
0