Дзауаг бæгæны бавдыстой æхсæнадæмон фестивальмæ

© Sputnik / Наталья АйриянДень пива
День пива - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
"Хæрзад" тохы бацыдысты "Ирон бæгæны 2018"-ы æвзарæн турты уæлахиздзаутæ Цæгат æмæ Хуссар Ирыстонæй, афтæ ма Бельги, Франц, Турк æмæ Уæрæсейы ирон диаспорæтæй

ЦХИНВАЛ, 18 окт — Sputnik, Плиты Фатимæ. Ӕхсæнадæмон V фестиваль-конкурс "Ирон бæгæны 2018"-ы æвзарæн туры уæлахиздзау Гаглойты Андзелина цыппæрæмы тæрхонгæнджыты размæ рахæсдзæн дзауаг хæрзад бæгæны, фехъусын кодта Sputnik районы культурæйы хайады гæс Кæркуысты Галина. 

Ирон бæгæныйы бон Цхинвалы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цæгат Ирыстоны равзæрстой хуыздæр "Ирон бæгæны-2017"

Хуссар Ирыстоны Республикæ расидыны бæрæгбоны рæстæджы Цхинвалы равзæрстой хуыздæр бæгæныфыцæджы – уæд иууыл хуыздæр нозты саразæг æфсин разынд дзауаг Гаглойты Андзелина, уый дарддæр архайы фестивалы.

Конкурс "Ирон бæгæны 2018"-ы финал цæуы цыппæрæмы Дзæуджыхъæуы Ирон театры фæзуатыл.

"Ирон бæгæныйæ дарддæр ма равдисдзыстæм район цæмæй хъæзныг у, уыдæттæ. Нæ сæрмагонд фынгыл уыдзæн ирон къæбицы хæринæгтæ – задын, дзыкка, мыд æмæ халсар. Хуссарирыстойнаг бæгæныфыцæг никуы ма рамыблдта конкурс, æрмæст ма иу хатт æртыккаг бынатмæ схызтыстæм, фæлæ мах хуызæн хæрзад бæгæны никуы аразынц", — радзырдта Кæркуысты Галина.

Хуыздæр бæгæныфыцæгмæ æнхъæлмæ кæсы æхцайы приз – 80 мин сомы. "Хæрзад" тохы бацыдысты "Ирон бæгæны 2018"-ы æвзарæн турты уæлахиздзаутæ Цæгат æмæ Хуссар Ирыстонæй, афтæ ма Бельги, Франц, Турк æмæ Уæрæсейы ирон диаспорæтæй.

Ног хабӕртты лентӕ
0