Сезонон рӕзт: Югосетпотребнадзоры радзырдтой гриппӕй рынчынты нымӕцы тыххӕй

© Sputnik / Александр Кондратюк /  Ахизын медиабанкмæГрипп
Грипп - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уагдоны сӕргълӕууӕджы хӕдивӕг бахатыд республикӕйы цӕрджытӕм, цӕмӕй рӕстӕгыл аразой прививкӕ гриппы ныхмӕ

ЦХИНВАЛ, 19 окт — Sputnik. Хуссар Ирыстоны эпидемиологон уавӕр КРВИ ӕмӕ гриппӕй рынчындзинады тыххӕй нырма тӕссаг нӕу, загъта Sputnik Хуссар Ирыстоны фӕлхасгӕнджыты бартӕ ӕмӕ адӕмы хӕрзӕбонмӕ хъусдарды фӕдыл комитеты сӕргълӕууӕджы хӕдивӕг Гаглойты Анна.

Поликлиникæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры дыууæ хатты фæфылдæр ис грипп æмæ КРВИ-тæй рынчынты нымæц

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, ныртӕккӕ республикӕйы райдыдта гриппы сезон, фӕлӕ Хуссар Ирыстонӕн гриппӕй рынчындзинады рӕзт вӕййы январы райдайӕны ӕмӕ марты.

"Уӕрӕсейы Федерацийы хӕстӕг регионтимӕ абаргӕйӕ, махмӕ рынчындзинады рӕзт вӕййы Ног азмӕ ӕввахс. Комитет алы къуыри дӕр регистраци кӕны гриппӕй рынчын адӕмы", — банысан кодта Гаглойты Анна.

Уый ма загъта, зӕгъгӕ, ныртӕккӕ рынчынты нымӕц рӕзы, фӕлӕ уый у сезонон рӕзт ӕмӕ уавӕр нырма тӕссаг нӕу.

"Куыддӕр сезон райдайы, афтӕ мах рахизӕм ӕрвылбонон мониторингмӕ, ӕмбырд кӕнӕм информаци республикӕйы медицинон организацитӕй. Кӕд искӕцы уагдоны низы тыххӕй нӕй 30 адӕймагӕй фылдӕр, уӕд ӕй мах сӕхгӕнӕм", — бафтыдта Гаглойты Анна.

Уый радзырдта, амӕйразмӕ Бихъары хъӕуы карантиныл кӕй сӕхгӕдтой скъола, кӕцыйы гриппӕй фӕрынчын сты аст ахуыргӕнинӕгӕй авд.

Гагалойты Анна бахатыд ӕмбӕстӕгтӕм, цӕмӕй хайад райсой вакцинацийы, кӕцы уадзы ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрад.

Ног хабӕртты лентӕ
0