Хуссар Ирыстоны президент схорзæхджын кодта "Фидиуæг"-ы редакторы

© Пресс-служба президента РЮОХуссар Ирыстоны президент схорзæхджын кодта "Фидиуæг"-ы редакторы
Хуссар Ирыстоны президент схорзæхджын кодта Фидиуæг-ы редакторы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Зынгæ ирон литераторыл æрæджы сæххæст 80 азы, бæстæйы сæргълæууæг дыццæджы фембæлд юбиляримæ

ЦХИНВАЛ, 23 окт — Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий фембæлд зынгæ ирон литератор, журнал "Фидиуæг"-ы сæйраг редактор Хъодалаты Герсанимæ, кæцыйыл 15 октябры сæххæст 80 азы.

"Фæнды мæ ноджы дын иу хатт раарфæ кæнын, Герсан Зурабы фырт, æмæ дын бузныг зæгъыннæ адæмы культурæ æмæ поэтикон бынтæм де стыр хайбавæрды тыххæй. Дæ куыст тынг ахсджиаг у Ирыстонæн. Мæ зæрдæ дын зæгъы æвидигæ тых, дæ бинонтæн та фæрныгад æмæ хъæрмуддзинад", — загъта бæстæйы сæргълæууæг.

© Пресс-служба президента РЮОХуссар Ирыстоны президент схорзæхджын кодта "Фидиуæг"-ы редакторы
Анатолий Бибилов наградил Герсана Кодалаева Орденом Дружбы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ирыстоны президент схорзæхджын кодта "Фидиуæг"-ы редакторы

Бибылты Анатолий банысан кодта, ахæм кадджын гоймаджы юбилей æнæхъусдардæй кæй ма хъуамæ ацæуа. Ирон литературæйы фадыджы йе стыр лæггæдты, бирæазон фæстиуæгджын архайды тыххæй, афтæ ма йæ 80-азон юбилейы цытæн президент схорзæхджын кодта Хъодалаты ГерсаныХæларады Орденæй.

Юбиляр бузныг загъта президентæн йе 'рхъуыдыйы тыххæй æмæ банысан кодта, дарддæр дæр кæй кусдзæн Ирыстоны хæрзæбонæн.

Ног хабӕртты лентӕ
0