Цæгатирыстойнаг поэтессæйы схорзæхджын кодтой Нафийы майданæй Цхинвалы

© Из личного архиваСтих
Стих - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ацы хорзæх у стимул, дæтты ног тыхтæ, фæлæ ма уыимæ иумæ хæс дæр, кæцы абонæй фæстæмæ мæ уæхсчытыл æруæз кæндзæн, загъта Бестауты Аланæ

ЦХИНВАЛ, 26 окт — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Литературон преми "Булæмæргъ"-ы æртыккаг къæпхæны лауреат, поэтессæ Бестауты Аланӕ Цхинвалы хорзæхджын æрцыд зынгæ ирон фыссæг æмæ ахуыргонд, филологон зонæдты доктор Джусойты Нафийы номыл сæрмагонд майданæй.

Беслæйнаг скъолайы 11-æм къласы ахуырдзау Бестауты Аланæ, йæ кармæ æнæкӕсгæйæ, ныридӕгӕн у цалдæр престижон премийы хицау — "Мадæлон æвзаг — мадау адджын"-ы фыццаг лауреат, конкурс "Цыкурайы фæрдыг"-ы приз "Сатанайы фæдон"-ы хицау, у литературон преми "Булæмæргъ"-ы æртыккаг лауреат.

Цхинвалы фæбæрæг сты литературон конкурс Булæмæргъ-ы лауреаттæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалы фæбæрæг сты литературон конкурс "Булæмæргъ"-ы лауреаттæ

"Конкурсмæ дыууæ хатты бавдыстон мæ куыстытæ, фæлæ статус æмæ кармæ гæсгæ уагæвæрды домæнтæн дзуапп нæ дæттон. Мæ дыккаг чиныг "Тæхуды"-йы презентацийы рæстæджы мын радтой Нафийы майдан Цхинвалы. Стыр бузныг фонд "Амонд"-ы разамонæг Челехсаты Хъазбегæн уый тыххæй", — загъта чызг.

Ӕвзонг чызг сæрыстыр у Джусойты Нафиимæ зонгæ кæй уыд, уымæй. Æмæ йæхи хоны амондджын, йæ къухæй кæй райста фыццаг лæвар – фæткъуы, ныр та йын саккаг кодтой йæ майдан.

"Ацы хорзæх у стимул, дæтты ног тыхтæ, фæлæ ма уыимæ иумæ хæс дæр, кæцы абонæй фæстæмæ мæ уæхсчытыл æруæз кæндзæн. Майдан у мæ иууыл уарзондæр хорзæх, уымæн æмæ у Нафийы номыл. Кæддæр æм рынчындонмæ бацыдтæн æмæ мын уым радта фæткъуы. Уый уыд мæ фыццаг "хорзæх" Нафийæ, абон та æз дæн амондджын, йæ майданы аккаг мæ кæй скодтой", — загъта Sputnik Бестауты Аланæ.

Бестауты Аланӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
"Булæмæргъ"-ы лауреат Бестауты Аланӕ: Ирыстон фысджыты фæндиаг уæд

Ӕрыгон чызг æмдзæвгæтæ фыссын райдыдта фæндзæм къласы — фыццаг ныффыста æмдзæвгæ "Фæдзæхст". Бестауты Аланӕ, йӕхӕдӕг куыд дзуры, афтӕмӕй тынг уарзы Хаджеты Таймураз æмæ Хъазиты Мелитоны сфæлдыстад, бæллы журналист суæвынмæ. Йе 'мдзæвгæтæ мыхуыр цæуынц журналтæ "Фидиуæг", "Мах дуг", "Ногдзау" æмæ æндæрты.

Ног хабӕртты лентӕ
0