"Лӕвар базырты" радзырдтой, куыд ӕрӕмбырд кодтой фӕрӕзтӕ рынчын чызгӕн

© Sputnik / Наталья АйриянБлаготворительный фонд "Подари крылья"
Благотворительный фонд Подари крылья - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Дзӕгъиаты Милана цӕуы медицинон басгӕрст, дӕтты анализтӕ Израилы, дохтыртӕ йӕ ныридӕгӕн цӕттӕ кӕнынц операцимӕ

ЦХИНВАЛ, 26 окт — Sputnik, Козаты Диана. Хӕрзаудӕн фонд "Лӕвар базыртӕ" ӕрӕмбырд кодта Дзӕгъиаты Миланайӕн 700 мин сомӕй фылдӕр. Уый у чызджы хоскӕныны ӕнӕмӕнгхъӕугӕ суммӕйы цыппӕрӕм хай.

11-аздзыд Милана у рынчын онкологийӕ. Израилы дохтыртӕ цӕттӕ уыдысты баххуыс кӕнын чызгӕн, фӕлӕ йӕ хиуӕттӕн нӕ уыд фадат бафидын операцийы тыххӕй ӕртӕ милуан сомы.

"Миланайы мад нӕм куы ӕрбацыд ӕмӕ нӕ ӕххуыс куы ракуырдта, уӕд мах бирӕ фӕхъуыды кодтам. Фӕзынд нӕм хъуыды ауадзын сывӕллӕтты бӕрӕгбон. Мах сфӕнд кодтам ауадзын бӕрӕгбон кафе "Vincenzo"-йы. Кафейы хицау Уалыты Альберт уайтагъд балӕууыд нӕ фарсмӕ", — радзырдта фонды сӕргълӕууӕг Цхуырбаты Татьяна.

Ацы акцийӕн баххуыс кодта сывӕллӕтты сфӕлдыстады галуаны директор Джиоты Аряна дӕр. Фонд сфӕнд кодта ауадзын спектакль сывӕллӕттӕн, ӕмӕ бӕрӕгбоны хайадисджыты руаджы уый рауад рӕсугъд ӕмӕ хъӕлдзӕг. Цхуырбаты Татьяна банысан кодта волонтерты ахсджиагдзинад дӕр, кӕцытӕ алыхатт дӕр хайад исынц хӕрзаудӕн мадзӕлтты.

Олимп дворец спорта - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалы ацӕудзӕн фыццаг хӕрзаудӕн ленк

Фонды сӕргълӕууӕг банысан кодта, зӕгъгӕ, иу мадзал нӕ баххуыс кодтаит ӕрӕмбырд кӕнын ӕнӕмӕнгхъӕугӕ суммӕйы ӕрдӕг дӕр. Уый фӕдыл фонд сорганизаци кодта мадзал, кӕцы раздӕр Хуссар Ирыстоны никуы нӕ уыд — хӕрзаудӕн ленк.

Цхуырбаты Татьянайы ныхӕстӕм гӕсгӕ, бирӕ хӕларзӕрдӕ адӕмы фӕрцы фонд ӕрӕмбырд кодта 715 мин сомы.

"Стыр бузныг хӕларзӕрдӕ адӕмӕн, сӕйраджыдӕр, Цхуырбаты Инал, Зассеты Феликс, Гуыззыттаты Эдуард ӕмӕ Хъахъхъӕнынады министрадӕн. Ӕрӕмбырдгонд суммӕ ӕмӕ цӕрджыты ӕххуысы фӕрцы, чызджы бинонтӕ ныридӕгӕн бафыстой операцийы тыххӕй суммӕйы ӕрдӕг", — загъта Цхуырбаты Татьяна.

Хӕрзаудӕн архайды хайад райста "Мегафон-Хуссар Ирыстон" дӕр, кӕцы рахицӕн кодта сӕрмагонд номыр.

"Лӕвар базыртӕ" фондӕй дарддӕр ма Миланайы хоскӕнынӕн ӕхцатӕ ӕмбырд кодта республикӕйы фӕсивӕды инициативон къорд дӕр. Чызджы бинонтӕн баххуыс кодтой бизнесментӕ, алыгъуызон уагдӕттӕ ӕмӕ организацитӕ, республикӕйы хуымӕтӕг цӕрджытӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0