Радон авари Цхинвалы: цæфтæ райстой дыууæ адæймаджы

© Пресс-служба МВД РЮОРадон авари Цхинвалы: цæфтæ райстой дыууæ адæймаджы
Радон авари Цхинвалы: цæфтæ райстой дыууæ адæймаджы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цауы фæстиуæгæн шофыр æмæ бæлццон цæфтимæ бахаудысты рынчындонмæ

ЦХИНВАЛ, 30 окт — Sputnik, Плиты Фатимæ. Цхинвалы Тæболты Сергей æмæ Хъайтарты уынгты алвæндагыл дысон æхсæв сæмбæлдысты дыууæ хæдтулгæйы. Цауы фæстиуæгæн иу шофыр æмæ иу бæлццон цæфтимæ бахаудысты рынчындонмæ, фехъусын кодтой Sputnik МХМ пресс-службæйы.

"ВАЗ-211440 шофыр, Цхинвалы районы Тъыбеты 38-аздзыд цæрæг нæ ауагъта хæдтулгæ "Volvo S-80". Цауы фæстиуæгæн ВАЗ-211440 шофыр æмæ"Volvo S-80"-йы бæлццон, 27 аздзыд чызг бахаудтой рынчындонмæ", — загътой МХМ-йы пресс-службæйы.

Медицинон басгæрсты рæстæджы рабæрæг, ВАЗ-211440 шофыр кæй уыд нозтджын.

© Пресс-служба МВД РЮОРадон авари Цхинвалы: цæфтæ райстой дыууæ адæймаджы
В столице республики в результате ДТП пострадали два человека - Sputnik Хуссар Ирыстон
Радон авари Цхинвалы: цæфтæ райстой дыууæ адæймаджы
Ног хабӕртты лентӕ
0