Цхинвайлаг сылгоймаджы ӕрцахстой дуканийӕ ӕхца адавыны тыххӕй

© Fotolia / WernerimagesХъадамантӕ
Хъадамантӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Адавынмӕ зӕрдӕхсайыны фӕдыл ӕрцахстой Цхинвалы 45-аздзыд цӕрӕг сылгоймаджы, кӕцы басаст йӕ фыдракӕндыл

ЦХИНВАЛ, 31 окт — Sputnik. Хуссар Ирыстоны барадхъахъхъӕнӕг органты кусджытӕ рабӕрӕг кодтой Цхинвалы дуканийӕ ӕхцаты адавд, ацы фыдракӕнды фӕдыл ӕрцахстой горӕты цӕрӕг сылгоймаджы. Уый тыххӕй хъусын кӕны республикӕйы Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕ.

Нозт - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры цӕрӕг адавта дуканийӕ нозты 110 авджы

Дыццӕджы милицимӕ бадзырдта республикӕйы столицӕйы дуканитӕй иуы кусӕг.

"Уый фехъусын кодта, райсом ӕм дуканимӕ кӕй бахызт ӕбӕрӕг сылгоймаг, адавта кассӕйӕ 19 мин сомы ӕмӕ фӕтары ис цауы бынатӕй", — радзырдтой МХМ.

Криминалон милици ӕмӕ уголовон басгӕрсты кусджытӕ цалдӕр сахатмӕ сбӕрӕг кодтой фыдгӕнӕджы гоймагдзинад ӕмӕ йӕ бынат.

"Фыдгӕнӕг разынд Цхинвалы 45-аздзыд цӕрӕг сылгоймаг. Зӕрдӕхсайгӕ сылгоймаг басаст йӕ фыдракӕндыл", — банысан кодтой МХМ.

Ног хабӕртты лентӕ
0