Рабӕрӕг сты РХИ ӕмӕ УФ ӕхсӕнхицауадон къамисы рабадты бынат ӕмӕ датӕ

© Пресс-служба президента РЮОӔхсӕнхицауадон къамисы радон рабадтмӕ цӕттӕкӕнынадыл ныхас кодтой президент ӕмӕ Цӕгат Кавказы хъуыддӕгты фӕдыл министры хӕдивӕджы фембӕлды
Ӕхсӕнхицауадон къамисы радон рабадтмӕ цӕттӕкӕнынадыл ныхас кодтой президент ӕмӕ Цӕгат Кавказы хъуыддӕгты фӕдыл министры хӕдивӕджы фембӕлды - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ӕхсӕнхицауадон къамисы радон рабадтмӕ цӕттӕкӕнынадыл ныхас кодтой президент ӕмӕ Цӕгат Кавказы хъуыддӕгты фӕдыл министры хӕдивӕджы фембӕлды

ЦХИНВАЛ, 1 ноя — Sputnik. Хуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы социалон-экономикон ӕмгуыстады фӕдыл ӕхсӕнхицауадон къамисы радон рабадт ацӕудзӕн Мӕскуыйы 2018 азы 15 ноябры, хъусын кӕны РХИ президенты пресс-службӕ.

Уагдоны банысан кодтой, зӕгъгӕ, Бибылты Анатолий ӕртыццӕджы ауагъта Цхинвалы рабадт РХИ ӕмӕ УФ социалон-экономикон ӕмгуыстады фарстытыл, кӕцыйы хайад райста Цӕгат Кавказы хъуыддӕгты фӕдыл министры хӕдивӕг Игорь Кошин — уый ӕрцыд Хуссар Ирыстонмӕ кусӕгон балцы.

© Пресс-служба президента РЮОКъамисы радон рабадтмӕ цӕттӕкӕнынадыл ныхас кодтой президент ӕмӕ Цӕгат Кавказы хъуыддӕгты фӕдыл министры хӕдивӕджы фембӕлды
Совещание по вопросам социально-экономического сотрудничества между РЮО и РФ  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Къамисы радон рабадтмӕ цӕттӕкӕнынадыл ныхас кодтой президент ӕмӕ Цӕгат Кавказы хъуыддӕгты фӕдыл министры хӕдивӕджы фембӕлды

Ӕхсӕнхицауадон къамисы рабадтмӕ цӕттӕкӕнынады фарстытӕй дарддӕр ма фембӕлды хайадисджытӕ ӕрныхас кодта 2018-2019 ӕзты инвестицион программӕйы реализацийыл.

Президент банысан кодта, зӕгъгӕ, позитивон ивындзинӕдтӕ, кӕцытӕ цӕуынц республикӕйы, баст сты инвестицион программӕйы реализацийыл.

"Абоны бон сӕххӕст кодтам инвестицион программӕйы 70 проценты. УЫй у хорз фӕстиуӕг. Азы кӕрӕттӕм уыдзысты ног хыгъдлӕвӕрдтӕ, 15 ноябрьмӕ бирӕ рӕстӕг ис, цӕмӕй куыстытӕ бакӕнӕм кӕронмӕ. Ӕхсӕнхицауадон къамисы рабадты рӕстӕджы хъӕуы банысан кӕнын ног хӕслӕвӕрдтӕ, рахӕссын хатдзӕгтӕ куыстытӕн ӕмӕ ӕрныхас кӕнын 20120-2022 ӕзты инвестицион программӕйыл", — загъта Бибылты Анатолий.

Игорь Кошин банысан кодта аразгӕ объектты куыстыты стыр темптӕ, се хсӕн Гуфта-Къуайса фӕндаг, кӕцы уый бабӕрӕг кодта йӕ балцы рӕстӕджы.

Ног хабӕртты лентӕ
0