Хуссар Иры парламент сразы ис арӕнхалджыты ивартӕ фӕфылдӕр кӕныныл

© Sputnik / Алексей КовалевПарламент
Парламент - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Законыпроект раздӕр хорзыл банымадта республикӕйы хицауад, ныр та фарстмӕ ӕркӕсдзысты депутаттӕ

ЦХИНВАЛ, 1 ноя — Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны парламенты президиум ӕввахсдӕр рабадтыл ӕркӕсдзӕн паддзахадон арӕн фехалыны фӕдыл административон бӕрны законы проектмӕ, хъусын кӕны парламенты пресс-службӕ.

Амӕйразмӕ законыпроект хорзыл банымадта хицауад. Проектмӕ гӕсгӕ фӕфылдӕр уыдзысты Хуссар Ирыстоны паддзахадон арӕны фехалыны фӕдыл ивартӕ. Ӕртыццӕджы законыл ӕрныхас кодтой хъахъхъӕнынад ӕмӕ ӕдасдзинады фӕдыл парламентон комитеты рабадтыл.

"Проектмӕ гӕсгӕ фӕфылдӕр уыдзысты ивартӕ, уый тыххӕй ӕмӕ ныры иварты бӕрц эффективон нӕу ӕмӕ нӕ къаддӕр кӕнын фехӕлдты нымӕц", — загъта комитеты сӕргълӕууӕг Харебаты Сергей.

Уый банысан кодта, зӕгъгӕ, иварты суммӕ куы фӕфылдӕр уа, уӕд фӕцъусдӕр уыдзысты фехӕлдты нымӕц ӕмӕ фӕфылдӕр уыдзысты ӕфтиагтӕ паддзахадон бюджетмӕ.

Баныхасы рӕстӕджы депутаттӕ банхъардтой бахӕссын законпроектмӕ цалдӕр ивындзинады ӕмӕ аскъуыддзаг кодтой дарддӕр ӕрныхас кӕнын йӕ проектыл парламенты президиумы рабадтыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0