Хуссар Иры хицауады сӕрдар: Инвестпрограммӕйы фылдӕр хай сӕххӕст кодтам

© Sputnik / Ада Багианулица Васо Абаева
улица Васо Абаева - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Инвестпрограммӕйы реализацийыл ӕрдзырдтой хицауады сӕрдаримӕ рабадтыл, фембӕлды хайадисджытӕ, сӕйраджыдӕр, ӕркастысты цхинвайлаг уынгты хӕрзарӕзтады фарстытӕм

ЦХИНВАЛ, 6 ноя — Sputnik. Хуссар Ирыстоны 2018 азы инвестицион программӕйы фылдӕр хай сӕххӕст ис, фехъусын кодта республикӕйы хицауады сӕрдар Пухаты Эрик.

Хицауады пресс-службӕ куыд фехъусын кодта, афтӕмӕй Пухаты Эрик дыццӕджы ауагъта рабадт, кӕцыйы рӕстӕджы ӕрныхас кодтой Инвестпрограммӕйы мадзӕлтты реализацийыл.

"Абоны бонмӕ 2018 азы куыстыты фылдӕр хай мах сӕххӕст кодтам. Азы кӕрӕттӕм хъӕуы активондӕр бакусын, цӕмӕй нын бантыса бакӕнын нӕ хӕслӕвӕрдтӕ кӕронмӕ", — загъта хицауады сӕрдар.

Рабадты рӕстӕджы ӕрныхас кодтой Цхинвалы уынгты хӕрзарӕзтады фарстытыл. Арӕзтад, архитектурӕ ӕмӕ ЦКХ министры хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕг Зӕгъойты Эдуарды ныхӕстӕм гӕсгӕ, столицӕйы 10 уынгыл, кӕцытӕ бахастой 2018 азы Инвестпрограммӕмӕ, фесты инженерон хызӕгты арӕзтад, кӕцыдӕр уынгтыл фӕуд кӕнынц газы хынцӕгты ӕвӕрд, афтӕ ма донифтонгад ӕмӕ канализаци баиу кӕныны куыстытӕ дӕр.

Цхинвал, улица Гаглоева, строительные работы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры арӕзтады министрад дзырд радта дӕс уынгыл куыстытӕ ӕмгъуыдмӕ фӕуын

Руставели, Коцойты Арсен, Чиаты Иосиф ӕмӕ Коцты Грийы уынгтӕ та цӕттӕ кӕнынц асфальт сӕвӕрынмӕ.

Къуайсайы уынгыл ӕххӕст кӕнынц асфальт ӕвӕрыны куыстытӕ. Тӕболты Сергейы уынгыл (Гаглойты Рутены уынгӕй Сталины уынгмӕ) ласынц грунт ӕмӕ ӕвӕрынц фӕндаггӕрон дуртӕ.

Димитровы, Нарты ӕмӕ Аланты уынгтыл дӕр ӕвӕрынц асфальты фыццаг цъар. Джыгкайты Шамилы уынгыл цӕттӕ кӕнынц асфальты дыккаг цъар сӕвӕрынмӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0