Рæстæгмæ цухдзинад: столицæйы иу хай аззад æнæ донæй

© Sputnik / Максим Богодвид /  Ахизын медиабанкмæдон
дон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
БАМ-ы цыппæрæмы райсомæй нал рацыд дон, паддзахадон унитарон уагдон "Водоканал"-ы бригадæ кусы проблемæ аиуварс кæныныл

ЦХИНВАЛ, 8 ноя — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны столицæйы цæгаттаг хай аззад æнæ донæй. Цыппæрæмы райсом микрорайон БАМ-мæ æрлæууыд донифтонгад, горæты администрацийы пресс-службæйы баныфсæвæрдтой, проблемæ æввахс сахатты скъуыддзаг кæй æрцæудзæн.

Цхинвалы цæгаттаг районтæм дон цæуы Едыс-Цхинвалы доны хæтæлæй комкоммæ, столицæйы аннæ хæйттæ дон исынц резервуартæй.

"БАМ-ы доны цухдзинад баст у, доны хаххыл чысыл згъуыдтытæ кæй ис, уыимæ. Ныридæгæн бригадæ кусы хаххыл æмæ æввахс сахатты ратдзысты дон районмæ", — загъта уагдоны пресс-секретарь.

Уый ма банысан кодта, ацы проблемæ æмткæй горæты донифтонгадыл кæй нæ бандавдзæн.

Ног хабӕртты лентӕ
0