Сӕйраг фарстытӕ: Сергей Лавров ӕмӕ Медойты Дмитрий фембӕлдзысты Мӕскуыйы

© Sputnik / Владимир Песня /  Ахизын медиабанкмæВстреча глав МИД РФ и Республики Южная Осетия С. Лаврова и Д. Медоева
Встреча глав МИД РФ и Республики Южная Осетия С. Лаврова и Д. Медоева - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны дипломатон уагдоны сӕргълӕууӕджы балц уыдзӕн 10-13 ноябры, уый фӕлгӕтты ацӕудзӕн Медойты Дмитрийы баныхас йӕ уӕрӕсейаг коллегӕ Сергей Лавровимӕ

ЦХИНВАЛ, 8 ноя — Sputnik. Хуссар Ирыстоны фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министр Медойты Дмитрий ацӕудзӕн кусӕгон балцы Уӕрӕсемӕ: Мӕскуыйы уый фембӕлдзӕн йӕ уӕрӕсейаг коллегӕ Сергей Лавровимӕ, фехъусын кодта Уӕрӕсейы Федерацийы Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрады (ФХМ) официалон минӕвар Мария Захарова.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, Хуссар Ирыстоны дипломатон уагдоны сӕргълӕууӕджы балц ацӕудзӕн 10-13 ноябры.

"12 ноябры УФ фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министр Сергей Лавров йӕ ирыстойнаг коллегӕимӕ баныхасы рӕстӕджы зӕгъдзысты сӕ хъуыдытӕ дыууӕварсон ахастыты сӕйраг фарстыты тыххӕй", — радӕтта Мария Захаровайы ныхӕстӕ РИА Новости.

Афтӕ ма министртӕ ӕрныхас кӕндзысты Хуссар Ирыстоны ӕхсӕнадӕмон позицитӕ сфидар кӕнын ӕмӕ Мӕскуы ӕмӕ Цхинвалы ӕмгуыстадыл Женеваг дискусситы фӕзуатыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0