Хуссар Иры ПАИ куры фӕфылдӕр кӕнын ивартӕ фӕткхалджытӕн

© Пресс-служба МВД РЮОПАИ кусджытӕ
ПАИ кусджытӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Законы проект ис ӕркастмӕ парламенты

ЦХИНВАЛ, 9 ноя — Sputnik. Хуссар Ирыстоны паддзахадон автоинспекци (ПАИ) барвыста парламентмӕ законы проект, кӕцымӕ гӕсгӕ хъуамӕ фӕфылдӕр уой ивартӕ фӕндагон змӕлды фӕтк халыны тыххӕй, фехъусын кодта Sputnik паддзахадон автоинспекцийы хистӕры хӕдивӕг Ходты Сергей.

"Ныртӕккӕ ивары минималон суммӕ у 100 сомы. Максималон санкци — 30 мин сомы — у транспортон фӕрӕз нозтдджынӕй скъӕрыны тыххӕй", — радзырдта Ходты Сергей.

Уагдоны хистӕры хӕдивӕг нӕ фехъусын кодта, кӕд ӕмӕ цас фӕфылдӕр уыдзысты ивартӕ, фӕлӕ бафтыдта, зӕгъгӕ, законы проект ис ӕркастмӕ республикӕйы парламенты.

Ног хабӕртты лентӕ
0