Цхинвалмӕ ӕрцыдысты Уӕрӕсейы Паддзахадон думӕйы депутаттӕ

© Sputnik / Наталья АйриянЦхинвалмӕ ӕрцыдысты Уӕрӕсейы Паддзахадон думӕйы депутаттӕ
Цхинвалмӕ ӕрцыдысты Уӕрӕсейы Паддзахадон думӕйы депутаттӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны парламент ӕмӕ Уӕрӕсейы Паддзахадон думӕйы комитетты иумӕйаг рабадты ӕрдзырдтой цалдӕр моделон законыл

ЦХИНВАЛ, 16 ноя — Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстонмӕ ӕрцыд Уӕрӕсейы Паддзахадон Думӕйы делегаци.

Цхинвалы майрӕмбоны ацыд дыууӕ закондӕттон органы комитетты иумӕйаг рабадт — Хуссар Ирыстоны парламенты ӕддагон политикӕ ӕмӕ ӕхсӕнпарламентон бастдзинӕдты фӕдыл комитет ӕмӕ Паддзахадон Думӕйы ХПӔ-бӕстӕты, евразиаг интеграци ӕмӕ ӕмбӕстӕгтимӕ бастдзинӕдты фӕдыл комитет.

Рабадты размӕ уӕрӕсейаг депутаттӕн раарфӕ кодта парламенты спикер Гасситы Петр.

"Сымах ам кӕй стут, уый ӕвдисы, Хуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы къухдариуӕгадтӕ цы процесстӕ райдыдтой, уыдон ӕххӕст кӕй цӕуынц. Уыдон цӕуынц хорз темптыл царды алкӕцы фадыджы дӕр, ӕмӕ мах алцыдӕр сараздзыстӕм, цӕмӕй уыдон фӕтагъддӕр уой", — загъта парламенты спикер.

Гасситы Петр бахахх кодта, зӕгъгӕ, Уӕрӕсе уыдзӕн Хуссар Ирыстонӕн иууыл ахсджиагдӕр партнер.

Паддзахадон думӕйы депутат Виктор Водолацкий банысан кодта, ХПӔ-бӕстӕты фӕдыл комитеты рацӕугӕ рабадт фыццаг хатт уагъд кӕй цӕуы Хуссар Ирыстоны территорийыл.

Петр Гассиев - Sputnik Хуссар Ирыстон
Тынг хорз: РХИ парламенты спикер уӕрӕсейаг депутаты хъӕппӕрисы тыххӕй

"Ӕрӕмбырдуӕвджытӕн ай у территори, кӕцымӕ махӕн ис здӕхт сӕрмагонд хъусдард ӕмӕ кӕцымӕ дӕс азы размӕ бабырстой Гуырдзыстоны ӕфсӕдтӕ. Фарстытӕ иууылдӕр, кӕцытӕ сты нӕ бӕстӕты ӕхсӕн, здӕхт сты Хуссар Ирыстоны цӕрджыты интерестӕм", — загъта депутат.

Водолацкийы ныхӕстӕм гӕсгӕ, абоны рабадты ныхас кӕндзысты моделон законтыл, кӕцытӕ ӕнӕмӕнг хъӕуы райсын, цӕмӕй Хуссар Ирыстоны парламент бахиза ӕхсӕнадӕмон ӕхсӕнпаддзахадон ӕмвӕзады системӕйы сконды.

Уый ма фехъусын кодта, зӕгъгӕ, 22 ноябры Паддзахадон думӕйы ацӕудзӕн ӕхсӕнадӕмон конференци, кӕцыйы рӕстӕджы ӕркӕсдзысты тынг ахсджиаг фарстытӕм.

"Бӕстӕтӕ нӕм иууылдӕр барвыстой куырдиӕттӕ, баззад ма ӕрмӕст Хуссар Ирыстон", — бахахх кодта депутат.

Парламенты спикер Гасситы Петр банысан кодта, зӕгъгӕ, Хуссар Ирыстоны парламенты депутаттӕ зӕрдиагӕй хайад райсдзысты ацы мадзалы.

Ног хабӕртты лентӕ
0