Тайсауты Хъазбег: Уӕрӕсейы хъуамӕ феной Хуссар Иры продукци

© Sputnik / Наталья АйриянЦхинвалы ацыд Хуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы депутатты иумӕйаг рабадт
Цхинвалы ацыд Хуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы депутатты иумӕйаг рабадт - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цхинвалы ацыд Хуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы депутатты иумӕйаг рабадт, фембӕлды ралӕууыд Паддзахадон думӕйы депутат Тайсауты Хъазбег

ЦХИНВАЛ, 16 ноя — Sputnik, Козаты Диана. Иууыл хуыздӕр фыдызгъӕл, цыхт, ӕхсырӕй продукци ис Хуссар Ирыстоны ӕмӕ Уӕрӕсейы хъуамӕ уа фадат фенын ацы продукци, загъта Уӕрӕсейы Паддзахадон думӕйы депутат Тайсауты Хъазбег республикӕйы парламент ӕмӕ Паддзахадон думӕйы комитетты иумӕйаг рабадты рӕстӕджы.

Цхинвалмӕ ӕрцыдысты Уӕрӕсейы Паддзахадон думӕйы депутаттӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалмӕ ӕрцыдысты Уӕрӕсейы Паддзахадон думӕйы депутаттӕ

Хуссар Ирыстонмӕ майрӕмбоны ӕрцыд Уӕрӕсейы Паддзахадон думӕйы делегаци, цӕмӕй хайад райса дыууӕ закондӕттӕн органы комитетты иумӕйаг рабадты — Хуссар Ирыстоны парламенты ӕддагон политикӕ ӕмӕ ӕхсӕнпарламентон бастдзинӕдты фӕдыл комитет ӕмӕ Паддзахадон Думӕйы ХПӔ-бӕстӕты, евразиаг интеграци ӕмӕ ӕмбӕстӕгтимӕ бастдзинӕдты фӕдыл комитет.

"Нӕ хӕслӕвӕрд у балӕууын не 'мбӕстӕгты фарсмӕ ӕндӕр бӕстӕты, сӕйраджыдӕр, Хуссар Ирыстоны. Не 'мгуыстад фыццаджыдӕр баст у ӕндӕр комитетты куыстимӕ — хъахъхъӕнынад, сӕудӕджерад, социалон ӕмӕ аграрон фарстыты фӕдыл. Ӕмӕ нын куыд фылдӕр контакттӕ уа, афтӕ уыдзӕн хуыздӕр", — загъта Тайсауты Хъазбег.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, уый тынг хорз зоны, республикӕйы президент стыр хъусдард кӕй здӕхы хъӕууон хӕдзарады сӕндидзӕнмӕ ӕмӕ йӕ ныфс ис, "тагъд рӕстӕджы Хуссар Ирыстоны кӕй фӕзындзӕн иууыл хуыздӕр сӕндӕттӕ, ӕмӕ мах пайда кӕндзыстӕм сӕ продкуцийӕ".

"Ӕз дзырдтон мӕ коллегӕтӕн, иууыл хуыздӕр фыдызгъӕл, цыхт ӕмӕ ӕхсырӕй продукци сты Хуссар Ирыстонӕй, ӕмӕ Уӕрӕсейӕн хъуамӕ фадат уа фенын адон иууылдӕр. Ӕмӕ махӕн хъӕуы бирӕ саразын иумӕ уый тыххӕй", — банысан кодта депутат.

Ног хабӕртты лентӕ
0