Ирон дизайнеры коллекци равдисдзысты модæйы фестивалы Кæсæджы

Рафыссын
Йе 'ртыккаг коллекци "fashion squad" дизайнер хоны фæлтæр "Y"–йы дарæс æмæ сæ хуыйы йæхи кармæ æввахс адæмæн

ЦХИНВАЛ, 16 ноя — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссарирыстойнаг бренд "BEKOEV" бавдисдзæн йе 'ртыккаг коллекци "fashion squad" (модæйон къорд) фестиваль "RT Fashion Day 2018"-йы Кæсæг-Балхъары республикæйы, фехъусын кодта бренды бындурæвæрæг æмæ автор, дизайнер Бекъойты Хох.

Дизайнер Бекъойты Хох конкурс Пульс моды-ы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Бекъойты Хохы коллекци "Дыккаг уарзт" ссис модæйы конкурсы лауреат

Фестиваль цæуы ныр æртыккаг хатт, æрвылаз уый йæ фæлгæтты баиу кæны Уæрæсейы хуссары иууыл раззагондæр дизайнерты.

"Мæ ног коллекцийы дарддæр иу кæнын фидауц, фыруæздандзинад æмæ æфсæддон тематикæ. Уыимæ иумæ рохуаты нæй комфорт дæр", — загъта Бекъойты Хох.

Дизайнер Бекъойты Хох йе 'ртыккаг коллекцийы рахызты агъоммæ развæлгъау фехъусын кодта, куысты кæй бавæрта ирон культурæйы егъау хай нырыккон æркастæй.

Цæгат Кавказы модæйы фадыджы егъау мадзал ацæудзæн 9 декабры сахар Нальчикы.

"BEKOEV collection" нырмæ архайдта: Краснодары модæйы къуырийы "KRASNODAR FASHION WEEK IV season ", Казаны æхсæнадæмон модæйы къуырийы "VOLGA FASHION WEEK"-йы æмæ Санкт-Петербурджы модæйы къуыри "NEVA FASHION WEEK"-ы. У æхсæнадæмон конкурс "Пульс моды"-йы дыууæ хатты лауреат æмæ æвзонг дизайнерты æхсæнадæмон конкурс "Подиум-2017"-йы лауреат.

Ног хабӕртты лентӕ
0