Sputnik Хуссар Ирыстон фыццаг хатт архайы Цӕгат Кавказы ӕвзонг журналистты форумы

© Sputnik / Виталий Раднаев Цӕгат Кавказы ӕвзонг журналистты форум
Цӕгат Кавказы ӕвзонг журналистты форум - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цӕгат Ирыстоны райдыдта ӕвзонг журналистты форум "Алания Медиа - 2018". Форумы темӕ - "Ӕвзонг Кавказ. Схафын информацион арӕнтӕ"

ЦХИНВАЛ, 21 ноя – Sputnik. Цӕгат Кавказы ӕвзонг журналисттӕ ӕрӕмбырд сты Дзӕуджыхъӕуы "Алания Медиа - 2018" ӕртыккаг форуммӕ.

20-24 ноябры зындгон журналисттӕ, регионы алыгъуызон ДИФ разамонджытӕ ӕмӕ медиа-эксперттӕ ауадздзысты Цӕгат Ирыстоны паддзахадон университеты мастер-класстӕ форумы хайадисджытӕн.

Дзӕуджыхъӕу - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цӕгаткавказаг ӕвзонг журналисттӕ ӕрцӕудзысты форуммӕ Дзӕуджыхъӕумӕ

Ӕрхонгӕ уазджыты ӕхсӕн сты: Иван Засурский – Ломоносовы номыл МПУ ног медиа ӕмӕ коммуникациты теорийы кафедрӕйы гӕс, интернет-мыхуыр "Частный Корреспондент"-ы бындурӕвӕрӕг, Наталья Власова – Хӕдбар радиофидиуӕны фонды Генералон директор, Игорь Грымза - "Радио России"-йы политикон фӕлгӕсӕг, интерактивон ток-шоу "Особое мнение"-йы амонӕг, Оксана Александрова – РИЦ ТАСС (г.Пятигорск) директор ӕмӕ ӕндӕртӕ.

Фыццаг хатт форуммӕ фӕхуыдтой Sputnik Хуссар Ирыстоны журналистты. Мадзалы баконды ӕхсӕнадӕмон мультимедион информацион агентад Sputnik Хуссар Ирыстоны сӕргълӕууӕг Виталий Раднаев загъта бузныг организатортӕн ахӕм ахсджиаг форуммӕ ӕрхуынды тыххӕй.

"Форум "Алания Медиа - 2018" ӕрмӕст информацион арӕнтӕ нӕ хафы, фӕлӕ ма иу кӕны куысты профессионалты. Sputnik Хуссар Ирыстон фыццаг хатт хайад исы ахӕм ахсджиаг форумы. Мах фӕнды фенын кӕнын нӕ фӕлтӕрддзинад хайадисджытӕн. Стыр бузныг организатортӕн, хайадисджытӕн та мӕ цӕст уарзы дарддӕры ӕнтыстытӕ", – банысан кодта Виталий Раднаев.

Форум "Алания Медиа - 2018" цӕуы Дзӕуджыхъӕуы 20-24 ноябры. Уым хайад исы журналистты делегаци Хуссар Ирыстонӕй, 40 ӕрхонгӕ хайадисӕджы Цӕгат Кавказы республикӕтӕй ӕмӕ ӕвзонг цӕгатирыстойнаг журналисттӕ. Майрӕмбоны фехъусын кӕндзысты хатдзӕгтӕ ӕмӕ конкурсы тыххӕй, кӕцы сорганизаци кодтой хайадисджытӕн.

Цӕгат Кавказы ӕвзонг журналистты форум
Sputnik Хуссар Ирыстон фыццаг хатт архайы Цӕгат Кавказы ӕвзонг журналистты форумы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цӕгат Кавказы ӕвзонг журналистты форум
Ног хабӕртты лентӕ
0