ФТЦ, гӕн ӕмӕ фӕткхалд: Хуссар Иры МХМ ивгъуыд къуырийы уавӕры тыххӕй

© Sputnik / Наталья АйриянМХМ
МХМ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ивгъуыд къуыри фондз адӕймаджы ӕрбаздӕхтой бӕрнмӕ наркотикон буарадтӕй пайда кӕныны тыххӕй, республикӕйы фӕндӕгтыл ӕрцыд ӕртӕ аварийы

ЦХИНВАЛ, 26 ноя — Sputnik. Хуссар Ирыстоны барадхъахъхъӕнӕг органтӕ ивгъуыд къуыри сбӕрӕг кодтой цыппар фыдракӕнды, хъусын кӕны Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕ.

Алыгъуызон фыдракӕндты тыххӕй бӕрнмӕ ӕрбаздӕхтой цалдӕр адӕймаджы, се хсӕн фондз — наркотикон буарадтӕй пайда кӕныны тыххӕй.

"Оперативон информацийы реализацийы рӕстӕджы Цхинвалы районы мидхъуыддӕгты хайад наркотикон буарадты ныхмӕ тохы хайадимӕ ӕмӕ генералон прокуратурӕйы фӕдагурджытимӕ иумӕ Хелчуайы хъӕуы 47-аздзыд цӕрӕджы хӕдзары ссардтой гӕны 74 къутӕры", — радзырдтой МХМ.

Зӕрдӕхсайгӕ нӕлгоймаджы хӕдзары ма ссардтой хус цъӕх кӕрдӕджы хӕйттӕ. Экспертон-криминалистикон центры багӕрстмӕ гӕсгӕ, къутӕртӕ сты зайӕгой гӕн ӕмӕ сӕ ис наркотикон буарад тетрагидроканабинол.

Рейдтӕ Цхинвалы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалы цӕрӕгмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы дыууӕ азы ахӕстон расыгӕй скъӕрыны тыххӕй

"Хус наркотикон буарады массӕ у 89,66 грамм, хус цъӕх кӕрдӕг у наркотикон буарад гӕн. Гӕны уӕз у 0,41 грамм", — банысан кодтой пресс-службӕйы.

Басгӕрст уадзы Хуссар Ирыстоны генералон прокуратурӕ.

Афтӕ ма МХМ фехъусын кодта, ивгъуыд къуыри республикӕйы фӕндӕгтыл кӕй ӕрцыд ӕртӕ фӕндагон-транспортон цауы (ФТЦ), зиан баййӕфтой аст адӕймаджы.

Рейдон мадзӕлтты рӕстӕджы паддзахадон автоинспекцийы кусджытӕ сбӕрӕг кодтой фӕндагон змӕлды 285 фӕткхалды. 11 шофыры скъӕрдтой хӕдтулгӕтӕ нозтджынӕй.

Ӕхсӕнадон фӕткы алыгъуызон фехӕлдты тыххӕй горӕты мидхъуыддӕгты хайады кусджытӕ ӕрцахстой аст адӕймаджы. Тӕрхондон административон бӕрнмӕ ӕрбаздӕхта иу адӕймаджы.

Ног хабӕртты лентӕ
0