Цалынмӕ президенты нӕ равзарой: Хуссар Ир сӕхгӕндзӕн Гуырдзыимӕ арӕн

© Sputnik / Наталья АйриянЛенингоры район, арӕн
Ленингоры район, арӕн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ӕдасдзинады фӕтыхджындӕргонд мадзӕлттӕ уагъд цӕудзысты республикӕйы арӕныл Гуырдзыстоны президенты ӕвзӕрстыты рӕстӕджы

ЦХИНВАЛ, 26 ноя — Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны къухдариуӕгад сӕхгӕндзӕн республикӕйы паддзахадон арӕн Гуырдзыстоны президенты ӕвзӕрстыты рӕстӕджы.

Гуырдзыстоны паддзахады сӕргълӕууӕджы ӕвзӕрстыты дыккаг тур ацӕудзӕн ӕртыццӕджы 28 ноябры. Гуырдзыстоны ӕмбӕстӕгтӕ хъуамӕ равзарой хӕдбар кандидат Саломе Зурабишвилийы, кӕцыйы фарсмӕ лӕууы сӕйраг парти "Грузинская мечта — демократическая Грузия", кӕнӕ "Сила в единстве"-йы иугонд оппозийы кандидат Григол Вашадзейы.

"Хуссар Ирыстоны Паддзахадон ӕдасдзинады комитет хъусын кӕны  ӕдасдзинады фӕтыхджындӕргонд мадзӕлтты тыххӕй Гуырдзыстоны президенты ӕвзӕрстыты дыккаг туры рӕстӕджы, 27 ноябры 20.00 сахатӕй фӕстӕмӕ рӕстӕгмӕ сӕхгӕндзыстӕм Гуырдзыстонимӕ паддзахадон арӕн", — фехъусын кодтой уагдоны пресс-службӕйы.

Паддзахадон ӕдасдзинады комитеты бафтыдтой, зӕгъгӕ, уадзӕн пункттӕ райдайдзысты кусын хуымӕтӕг режимы цыппӕрӕмы 29 ноябры 6.00 сахатӕй фӕстӕмӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0