Кремльмæ балцæг: хуссарирыстойнаг ахуырдзаутæ ацæудзысты Мæскуыйы наз бæласмæ

© Sputnik / Евгения Новоженина /  Ахизын медиабанкмæКремлы Галуан
Кремлы Галуан - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Æртæ боны дæргъы скъоладзаутæм Уӕрӕсейы ӕнхъӕлмӕ кӕсы хъӕзныг культурон-хиирхӕфсӕн программӕ, балцытæ æмæ фембæлдтæ

ЦХИНВАЛ, 27 ноя — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны ахуыры иттæг хорз бæрæггæнæнтимæ, бирæсывæллонджын бинонты зӕнӕг æмæ сидзӕр сывӕллӕтты иу къордæн арæзт æрцæудзæн балц Мæскуымæ. Æртæбонон балцы алы сахат дæр у лыстæгæй нымад, фехъусын кодта Sputnik министрады уæлæмхас ахуырад æмæ хъомылады хайады хистæр Джиоты Эльза.

Уӕрӕсейы сӕйраг ногазон мадзалмӕ Хуссар Ирыстонӕй ацӕудзӕн 13 скъоладзауы 5-7 кълæстæй.

"Скъоладзауты æвзæрстой ахуырадон уагдæттæ сæхæдæг. Ацы номхыгъдмæ бахауы ахуыры хорз бæрæггæнæнтæ кæмæн ис ахæм сывæллæттæ, сидзæртæ æмæ бирæсывæллонджын бинонты зæнæг. 13 бынат вæййынц æмæ архайæм, цæмæй дзы алы аз бахауой æндæр æмæ æндæр скъолатæ", — загъта Джиоты Эльза.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, Мӕскуыйы скъоладзаутӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы хъӕзныг культурон-хиирхӕфсӕн программӕ.

Хуссарирыстойнаг сывӕллӕттӕ ӕрвылаз дӕр райсынц хайад Кремлы ногазон мадзӕлтты.

Ног хабӕртты лентӕ
0