Партийы лӕвар: Цхинвалы зӕрӕдты хӕдзары ауагътой бӕрӕгбонон концерт

© Пресс-служба парламента РЮОЦхинвалы зӕрӕдты хӕдзары ауагътой бӕрӕгбонон концерт
Цхинвалы зӕрӕдты хӕдзары ауагътой бӕрӕгбонон концерт - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хӕрзаудӕн мадзал сорганизаци кодта парламенты депутат Уалыты Роза парти "Иугонд Ирыстоны" номӕй

ЦХИНВАЛ, 27 ноя — Sputnik. Парти "Иугонд Ирыстон" ауагъта Цхинвалы зӕрӕдтӕ ӕмӕ инвалидты хӕдзар "Забота"-йы бӕрӕгбонон концерт, кӕцы уыд нывонд Мады бонӕн, хъусын кӕны Хуссар Ирыстоны парламенты пресс-службӕ.

© Пресс-служба парламента РЮОЦхинвалы зӕрӕдты хӕдзары ауагътой бӕрӕгбонон концерт
Праздничный концерт в Цхинвальском доме престарелых и инвалидов Забота  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалы зӕрӕдты хӕдзары ауагътой бӕрӕгбонон концерт

Музыкантты ралӕуды размӕ концерты организатор, парламенты депутат Уалыты Роза раарфӕ кодта ӕрӕмбырдуӕвджытӕн Мады боны цытӕн ӕмӕ сын йӕ цӕст бауарзта ӕнӕниздзинад.

"Мӕнӕн ӕхсызгон у, абон махӕн фадат кӕй ис балӕвар кӕнын сымахӕн бӕрӕгбоны хай. Мад у адӕймаджы иууыл зынаргъдӕр хӕзна, ӕмӕ йын иу лӕгъз ныхас дӕр бахъарм кӕны йӕ зӕрдӕ. Абон мӕн фӕнды раарфӕ кӕнын сымахӕн ацы диссаджы бӕрӕгбоны цытӕн ӕмӕ уын мӕ цӕст уарзы ӕнӕниздзинад ӕмӕ царды бирӕ ӕзтӕ", — загъта депутат.

Афтӕ ма депутат загъта бузныг алкӕмӕндӕр, чи баххуыс кодта сорганизаци кӕнын ацы мадзал — "Иугонд Ирыстоны" сӕргълӕууӕг Тадтаты Алан ӕмӕ Цхинвалы дзулфыцӕн заводы директор Цхуырбаты Вадимӕн.

© Пресс-служба парламента РЮОЦхинвалы зӕрӕдты хӕдзары ауагътой бӕрӕгбонон концерт
Праздничный концерт в Цхинвальском доме престарелых и инвалидов Забота  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалы зӕрӕдты хӕдзары ауагътой бӕрӕгбонон концерт

Концерты хайад райстой хуссарирыстойнаг артисттӕ Мамиты Григорий, Саппиаты Зӕлинӕ, Кристина Гогинова ӕмӕ Задыты Олеся.

Мадзалы кӕрон Уалыты Роза ӕмӕ партийы минӕвӕрттӕ радтой карджын адӕмӕн зӕрдылдарӕн лӕвӕрттӕ ӕмӕ адджинӕгтӕ.

© Пресс-служба парламента РЮОЦхинвалы зӕрӕдты хӕдзары ауагътой бӕрӕгбонон концерт
Цхинвалы зӕрӕдты хӕдзары ауагътой бӕрӕгбонон концерт - Sputnik Хуссар Ирыстон
1/2
Цхинвалы зӕрӕдты хӕдзары ауагътой бӕрӕгбонон концерт
© Пресс-служба парламента РЮОЦхинвалы зӕрӕдты хӕдзары ауагътой бӕрӕгбонон концерт
Цхинвалы зӕрӕдты хӕдзары ауагътой бӕрӕгбонон концерт - Sputnik Хуссар Ирыстон
2/2
Цхинвалы зӕрӕдты хӕдзары ауагътой бӕрӕгбонон концерт
1/2
Цхинвалы зӕрӕдты хӕдзары ауагътой бӕрӕгбонон концерт
2/2
Цхинвалы зӕрӕдты хӕдзары ауагътой бӕрӕгбонон концерт
Ног хабӕртты лентӕ
0