Арӕзтады министр радзырдта, куыд фервӕздзысты Хуссар Иры быронӕй

© Sputnik / Наталья АйриянЗӕгъойты Эдуард
Зӕгъойты Эдуард - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Арӕзтады министрады сӕргълӕууӕг фехъусын кодта, зӕгъгӕ, Цхинвалы цур гӕнӕн ис фӕзына цардуагон хъӕбӕр ӕвзарӕнты нырыккон полигон

ЦХИНВАЛ, 28 ноя — Sputnik, Гӕбӕраты Ян. Бырондон, кӕцы фӕзынд Мӕскуыйаг микрорайоны цур Хуссар Ирыстоны столицӕйы, хъыгдары горӕты цӕрджыты ӕмӕ халы горӕты санитарон уавӕр, фехъусын кодта РХИ Паддзахадон мыхуыр ӕмӕ информацийы комитеты пресс-конференцийы республикӕйы арӕзтады министрады сӕргълӕууӕг Зӕгъойты Эдуард.

"Президент Бибылты Анатолийы хъӕппӕрисмӕ гӕсгӕ фӕзынд хъуыды саразын цардуагон хъӕбӕр ӕвзарӕнты полигон", — радзырдта Зӕгъойты Эдуард.

Фидӕны проект эксплуатаци кӕндзӕн горӕты администраци. Министр банысан кодта, зӕгъгӕ, полигон у сӕрмагонд мембранӕйӕ ӕмбӕрзт раст формӕйы котлован, кӕцы нӕ уадзы бырон зӕхцъары дӕттӕм.

Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Фӕндӕгтӕ ӕмӕ ордертӕ: Цхинвалы мэр ӕрдзырдта "Мӕскуыйаг"-ы проблемӕтыл

"Полигоны цур фӕзындзӕн хъӕбӕр ӕвзарӕнты брикет кӕныны фӕзуат. Хъӕбӕр ӕвзарӕнтӕ ӕлхъывд цӕудзысты сӕрмагонд прессы хицӕн брикеттӕм", — бафтыдта Зӕгъойты Эдуард.

Брикетты ӕнгомдзинад сэкономи кӕндзӕн бынат ӕмӕ атмосферӕ дӕр нал чъизи кӕндзӕн.

"Хуымӕтӕг быгъдон нал уыдзӕн, Европӕ ӕмӕ Уӕрӕсейы цардуагон ӕвзарӕнты 80% ӕвӕрд цӕуы ахӕм полигонты", — бахахх кодта арӕзтады министрады сӕргълӕууӕг.

Ног хабӕртты лентӕ
0