Гасситы Петр Хуссар Иры ӔПА-мӕ бахизыныл: Уӕрӕсе ныфс ӕвӕры ӕххуысӕй

© Пресс-служба парламента РЮОГасситы Петр
Гасситы Петр - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Парламенты спикер хайад райста ӕхсӕнадӕмон конференцийы, цы ран фехъусын кодта Хуссар Ирыстоны фӕндон ХПӔ бӕстӕты Ӕхсӕнпарламентон ассамблеймӕ бахизыны тыххӕй

ЦХИНВАЛ, 28 ноя — Sputnik. Уӕрӕсе баххуыс кӕндзӕн Хуссар Ирыстонӕн бахизын ХПӔ бӕстӕты Ӕхсӕнпарламентон ассамлеймӕ (ӔПА) куыд цӕстдарӕг, фехъусын кодта республикӕйы парламенты спикер Гасситы Петр.

Закондӕттӕн органы пресс-службӕ фехъусын кодта, зӕгъгӕ, Паддзахадон думӕйы ацыд ӕхсӕнадӕмон конференци "Роль взаимодействия фракций политических партий и блоков в межпарламентском сотрудничестве стран СНГ", цы ран хайад райста Хуссар Ирыстоны парламенты сӕргълӕууӕг дӕр.

Цхинвалмӕ ӕрцыдысты Уӕрӕсейы Паддзахадон думӕйы депутаттӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалмӕ ӕрцыдысты Уӕрӕсейы Паддзахадон думӕйы депутаттӕ

Гасситы Петры фӕхуыдта ХПӔ бӕстӕты хъуыддӕгтӕ ӕмӕ евразиаг интеграцийы фӕдыл Паддзахадон думӕйы комитеты сӕргълӕууӕг Леонид Калашников.

"Кӕй нӕ фӕхуыдтой, уый ӕвдисы, Паддзахадон Думӕйы стыр хъусдард здӕхт кӕй ис Хуссар Ирыстонмӕ, уый тыххӕй ӕмӕ конференцийы форматмӕ гӕсгӕ хайадисджытӕ уыдысты ХПӔ бӕстӕты Ӕхсӕнпарламентон ассамблейы хайадисджыты делегацитӕ, кӕцыйы сконды мах нырма не стӕм. Фӕлӕ уӕддӕр уӕрӕсейаг коллегӕты руаджы хайад райстам конференцийы. Ӕз ралӕууыдтӕн докладимӕ, афтӕ ма фехъусын кодтон нӕ фӕндон ХПӔ бӕстӕты Ӕхсӕнпарламентон ассамблеймӕ бахизыны тыххӕй, фыццаг ӕрмӕст куыд цӕстдарджытӕ", — радзырдта спикер.

Гасситы Петр банысан кодта, зӕгъгӕ, РХИ парламенты позицимӕ Ӕхсӕнпарламентон ассамблеймӕ бахизыны тыххӕй сӕ хъус ӕрдардта уӕрӕсейаг фарс.

"Уӕрӕсейаг фарс нын ныфс радта баххуыс кӕнын ацы фарсты. Амӕйразмӕ ацы хъуыдыйы тыххӕй дзырдта президент Бибылты Анатолий дӕр. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ацы здӕхтыл мах дарддӕр дӕр кусдзыстӕм, мӕн уырны, тагъд рӕстӕджы кӕй фендзыстӕм фӕстиуджытӕ", — бахахх кодта Гасситы Петр.

Ног хабӕртты лентӕ
0