Хуссар Иры бакӕндзысты "Царды фӕндагы" бындурӕвӕрӕджы музей

© Sputnik / Наталья АйриянРукъ
Рукъ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Музей бакӕндзысты Ручъы номдзыд ирон ӕхсӕнадон архайӕг ӕмӕ инженеры фырты фырты хӕдзары

ЦХИНВАЛ, 28 ноя — Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны культурӕйы министрад нывӕнды 2019 азы бакӕнын номдзыд ӕхсӕнадон архайӕг ӕмӕ ахуыргонд Гаглойты Рутены хӕдзар-музей.

Цалдӕр азы размӕ номдзыд ирон ӕхсӕнадон архайӕг, инженер, публицист Ручы тоннелы арӕзтады бындурӕвӕрӕг Гаглойты Рутены фырты фырттӕ бахастой хъӕппӕрис бакӕнын сӕ хӕдзары Ручъы хъӕуы номдзыд инженеры номыл музей. Фӕлӕ хъуыддаг нырма кӕронмӕ нӕ сарӕзтой.

Рукъ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Гаглойты Рутены æхгæд музей

"Ацы фарстӕй мах райдайӕм алы къуырисӕр дӕр. Уый уыдзӕн Гаглойты Рутены хӕдзар-музей. Махӕн Гаглойты Рутен куы нӕ уыдаид, уӕд иу ирон дӕр удӕгасӕй нӕ баззадаит. Уый у адӕймаг, кӕцы фервӕзын кодта йӕ адӕмы — сарӕзта "Царды фӕндаг", — загъта Зассеты Жанна.

Министры ныхӕстӕм гӕсгӕ, уый хайад иста тымбыл фынджы, кӕцыйы темӕ уыд Уӕрӕсейы хӕдзар-музейты сӕндидзӕн. Ацы мадзалы ныхас кодта ацы хъуыддаджы специалисттимӕ, кӕцытӕ сразы сты ӕрцӕуын Хуссар Ирыстонмӕ ӕмӕ баххуыс кӕнын.

Министр бафтыдта, зӕгъгӕ, фидӕны Хуссар Ирыстоны гӕнӕн ис фӕзыной ӕндӕр ахӕм объекттӕ дӕр, уагдон бацӕттӕ кӕндзӕн сӕ номхыгъд.

Гаглойты Рутен у Хуссар Иры рельефон картæйы автор, фыста æмдзæвгæтæ, фæлæ сæйраджыдæр адæмы хъуыдыйы баззад куыд Ирыстоны дыууæ хайы хсæн фæндагаразæг. Инженер 1937 азы 19 июлы ʻрцыд репрессигонд, йæ архайд та бирæ æзты дæргъы уыд рох. Ацы аз Хуссар Иры Национ банк рауагъта згъæр æхца йæ юбилеймæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0